Райдиан 30 - Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета1 Рахелӕн Йаковӕй цот кӕй нӕ цыди, уымӕ гӕсгӕ йӕ хомӕ хӕлӕг кӕнын райдыдта. Иуахӕмы йӕ мойӕн загъта: «Ратт мын цот, науӕд амӕлдзынӕн!» 2 Йаков рамӕсты ис Рахелмӕ: «Дӕуӕй афтӕ, ӕз Хуыцау дӕн? Уый дын Хуыцау нӕ дӕтты цот». 3 Ууыл ын Рахел загъта: «Мӕнӕ мӕ унӕут Билхамӕ бацу, ӕмӕ мын мӕ хъӕбысмӕ ныййарӕд, ӕмӕ уӕд уый фӕрцы ӕз дӕр схӕдзар уыдзынӕн». 4 Рахел йӕ унӕут Билхайы йӕ мойӕн номылусӕн радта, ӕмӕ Йаков ӕмуат ӕрцыди йемӕ. 5 Билха банхъӕлцау ис ӕмӕ Йаковӕн ныййардта фырт. 6 Рахел загъта: «Хуыцау мӕ сраст кодта — фехъуыста мын мӕ лӕгъстӕ ӕмӕ мын лӕппу радта». Уымӕ гӕсгӕ йыл Рахел сӕвӕрдта ном Дан. 7 Рахелы унӕут Билха та банхъӕлцау ис ӕмӕ Йаковӕн ныййардта дыккаг фырт. 8 Рахел загъта: «Хуыцауы ӕххуысӕй стох кодтон мӕ хоимӕ ӕмӕ йыл фӕтых дӕн». Ӕмӕ сабийыл сӕвӕрдта ном Неффалим. 9 Леа федта, зӕнӕг ын кӕй нал цӕуы, уый, ӕмӕ йӕ унӕут Зилпайы Йаковӕн номылусӕн радта. 10 Леайы унӕут Зилпа Йаковӕн ныййардта фырт. 11 Леа загъта: «Бантысти мын!» Ӕмӕ йыл сӕвӕрдта ном Гад. 12 Леайы унӕут Зилпа ма Йаковӕн ныййардта ноджыдӕр иу фырт. 13 Леа загъта: «Амондджын дӕн! Сылгоймӕгтӕ мӕ схондзысты амондджын». Ӕмӕ сабийыл сӕвӕрдта ном Асир. 14 Иуахӕмы, мӕнӕугӕрдӕнты, Рувим ацыди быдырмӕ, уым ссардта мандрагоры дыргътӕ ӕмӕ сӕ ӕрбахаста йӕ мад Леайӕн. Рахел бахатыди Леамӕ: «Ратт-ма мын, дӕ лӕппу кӕй ӕрбахаста, уыцы дыргътӕй». 15 Фӕлӕ йын Леа афтӕ: «Мӕ мойы мын байстай, уый дын ӕгъгъӕд нӕу, ӕмӕ ма уыцы дыргътӕ дӕр дӕхирдыгӕй фӕкӕнинаг дӕ?» Рахел ын загъта: «Омӕ-иу ацы дыргъты ныхмӕ демӕ фӕуӕд ахсӕв». 16 Йаков изӕры быдырӕй куы ӕрбацыди, уӕд Леа йӕ размӕ рауад ӕмӕ йын загъта: «Мӕнмӕ рацу. Мӕ лӕппу цы дыргътӕ ссардта, уыдонӕй дӕ балхӕдтон». Ӕмӕ Йаков уыцы ӕхсӕв йемӕ фӕци. 17 Хуыцау Леайы лӕгъстӕ фехъуыста, ӕмӕ уый банхъӕлцау ис ӕмӕ Йаковӕн ныййардта фӕндзӕм фырт. 18 Загъта: «Мӕ унӕуты мӕ мойӕн кӕй радтон, уый сӕрмӕ мын Хуыцау саккаг кодта хӕрзиуӕг». Ӕмӕ сабийыл сӕвӕрдта ном Иссахар. 19 Леа та банхъӕлцау ис ӕмӕ Йаковӕн ныййардта ӕхсӕзӕм фырт. 20 Загъта: «Диссаджы лӕвар мын ракодта Хуыцау. Ныр мӕ уарздзӕни мӕ мой, уымӕн ӕмӕ йын ӕхсӕз фырты ныййардтон». Ӕмӕ сабийыл сӕвӕрдта ном Зевулон. 21 Уый фӕстӕ ма Леа ныййардта чызг ӕмӕ йыл сӕвӕрдта ном Динӕ. 22 Фӕлӕ Хуыцау Рахелмӕ дӕр ӕркасти, йӕ лӕгъстӕ йын фехъуыста ӕмӕ йын радта зӕнӕджы амонд. 23 Рахел банхъӕлцау ис, лӕппу йын райгуырд, ӕмӕ загъта: «Мӕ худинагӕй мӕ фервӕзын кодта Хуыцау». 24 Сабийыл сӕвӕрдта ном Йосеф ӕмӕ загъта: «Дунедарӕг ма мын раттӕд дыккаг лӕппу дӕр!» 25 Рахелӕн Йосеф куы райгуырд, уый фӕстӕ Йаков Лаванӕн загъта: «Ауадз мӕ гъеныр, ӕмӕ нӕхимӕ, мӕ фыды уӕзӕгмӕ, ацӕуон. 26 Ратт мын, кӕй тыххӕй дӕм фӕкуыстон, мӕ уыцы устытӕ ӕмӕ сывӕллӕтты, ӕмӕ ацӕуон. Цас дын фӕкуыстон, уый куы зоныс». 27 Лаван ын афтӕ: «Кӕд мӕ дӕ хорзӕхы аккаг кӕныс, уӕд дӕ курын, ӕмӕ баззай! Дӕсныфӕрсгӕйӕ мын раргом ис, Дунедарӕг мӕнӕн дӕу тыххӕй кӕй раарфӕ кодта, уый». 28 Ноджы ма бафарста: «Бӕлвырд мын зӕгъ, цас мызд дын раттон?» 29 Йаков ын дзуапп радта: «Дӕхӕдӕг ӕй куы зоныс, мӕ фӕллойы руаджы дӕ фос куыд сбирӕ сты, уый. 30 Мӕ размӕ дӕм чысыл йеддӕмӕ нӕ уыди, ныр дын зӕххыл нал цӕуынц. Дунедарӕг дын ме ’рбацыдимӕ арфӕ ракодта. Фӕлӕ мӕхи хӕдзарӕн та кӕд кусон?» 31 Лаван ӕй бафарста: «Уӕддӕр ма зӕгъ, цы дын раттон?» Йаков ын афтӕ: «Мацы мын ратт. Фӕлӕ мын иу хъуыддаг куы саразай, уӕд дын дарддӕр дӕр хиздзынӕн ӕмӕ хъахъхъӕндзынӕн дӕ фос. 32 Цӕй ӕмӕ абон дӕ дзугтыл ӕрзилон ӕмӕ фосӕй фӕхицӕн кӕнон гӕрӕм, сау ӕмӕ, тӕппытӕ кӕуыл ис, уыцы фысты; гӕрӕм ӕмӕ, тӕппытӕ кӕуыл ис, уыцы сӕгъты. Уый у мӕ куысты мызд. 33 Мӕ цӕсгом дӕ разы сыгъдӕг кӕй у, уый базондзынӕ, мӕ мыздӕн цы фос равзӕрстон, уый фенынмӕ куы ӕрбацӕуай, уӕд. Сӕгътӕй гӕрӕм, стӕй тӕппытимӕ чи нӕ разына, фыстӕй та сау чи нӕ уа, уыдон мын-иу давдыл банымай». 34 Лаван ын загъта: «Хорз. Ды куыд зӕгъыс, афтӕ уӕд». 35 Тӕккӕ уыцы бон Лаван фӕхицӕн кодта гӕрӕм ӕмӕ, тӕппытӕ кӕуыл уыди, уыцы цӕуты; гӕрӕм ӕмӕ, тӕппытӕ кӕуыл уыди, уыцы сӕгъты, ома урс тӕпп дзы кӕуылдӕриддӕр уыди, уыцы цӕутӕ ӕмӕ сӕгъты. Фысты ’хсӕн та сауты фӕхицӕн кодта иннӕтӕй. Фосы йӕ фыртты бар бакодта 36 ӕмӕ семӕ ӕртӕ бонцауы адард ис Йаковӕй. Ныр Йаков та хызта, Лаваны лыстӕг фосӕй ма йӕм цы баззади, уыдон. 37 Йаков райста гӕдыбӕласы, миндал-ӕхсӕры ӕмӕ тӕрсы хуылыдз уистӕ, сӕ цъарӕй сын ӕхсӕнмӕ-ӕхсӕнты уадздзӕгтӕ растыгъта, урс куыд адарой, афтӕ 38 ӕмӕ-иу уыцы гӕрӕм уистӕ ӕрӕвӕрдта доны тӕгӕнаты, фосӕн сӕ тӕккӕ раз. Уыдон-иу дон нуазынмӕ ӕрбацыдысты ӕмӕ-иу уым тӕрӕн кодтой. 39 Сӕгътӕ-иу схъазыдысты, уистӕ сӕ цӕстыты раз, афтӕмӕй, ӕмӕ-иу, цы сӕныччытӕ ныззадысты, уыдон рауадысты хъулӕттӕ, гӕрӕмтӕ ӕмӕ тӕппытимӕ. 40 Фысты та-иу сӕ хъазын афон ӕрлӕууын кодта хицӕнӕй, се ’ргом Лаваны гӕрӕм ӕмӕ сау фосы ’рдӕм, афтӕмӕй. Уыйадыл Йаковмӕ фӕзынди йӕхи фосы дзугтӕ, ӕмӕ сӕ Лаваны дзугтӕй дардта иппӕрдӕй. 41 Фидар фос-иу куы кодтой тӕрӕн, уӕд-иу сын Йаков алкӕддӕр сӕ разы тӕгӕнаты уистӕ ӕрӕвӕрдта, цӕмӕй уыцы уисты цур схъазой. 42 Лӕмӕгъ фос куы кодтой тӕрӕн, уӕд уыдонӕн та не ’вӕрдта. Ӕмӕ-иу лӕмӕгъ фос баисты Лаваны, фидар фос та — Йаковы. 43 Йаков сси ӕвӕджиауы бонджын лӕг. Уыди йӕм тынг бирӕ фыстӕ ӕмӕ сӕгътӕ, сылгоймаг ӕмӕ нӕлгоймаг цагъартӕ, теуатӕ ӕмӕ хӕрджытӕ. |
© Bible Society in Russia, 2002, 2009, 2011-2015, 2018.
Bible Society in Russia