Райдиан 3 - Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета1 Дунедарӕг Хуыцау кӕй рафӕлдыста, уыцы зӕххон цӕрӕгойты ’хсӕн калмӕй хиндӕр ӕмӕ кӕлӕндӕр нӕ уыд. Ӕмӕ уый сылгоймаджы бафарста: «Ӕцӕг уын загъта Хуыцау, дыргъдоны цы бӕлӕстӕ ис, уыдонӕй макӕцыйы дыргътӕй фӕхъӕстӕ ут, зӕгъгӕ?» 2 Сылгоймаг дзуапп радта: «Дыргътӕй нын хӕрыны бар ис. 3 Дыргъдоны астӕу цы бӕлас зайы, ӕрмӕст нын уымӕй загъта Хуыцау, йӕ дыргътӕй йын ма бахӕрут, ӕвналгӕ дӕр сӕм ма бакӕнут, науӕд амӕлдзыстут, зӕгъгӕ». 4 «Нӕ амӕлдзыстут, — загъта калм сылгоймагӕн. — 5 Фӕлӕ Хуыцау зоны: куыддӕр уыдонӕй фӕхъӕстӕ уат, афтӕ байгом уыдзысты уӕ цӕстытӕ, ӕмӕ Хуыцауы ӕмсӕр суыдзыстут, хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы сты, уый базондзыстут». 6 Сылгоймаг федта: бӕласы дыргътӕ хӕрынӕн бӕззынц, сӕ уындӕй цӕст рӕвдауынц ӕмӕ ма уыимӕ зондыл дӕр ӕфтауынц. Ӕртыдта ӕмӕ дзы бахордта, йӕ мойӕн дӕр дзы радта, ӕмӕ уый дӕр бахордта. 7 Уыйадыл сӕ дыууӕ дӕр ракастысты сӕ цӕстӕй, бӕгънӕг кӕй сты, уый федтой, ӕмӕ легъуи бӕласы сыфтӕй сӕхицӕн синӕмбӕрзӕнтӕ скодтой. 8 Изӕры уддзӕф куы ӕрбадымдта, уӕд хъусынц, ӕмӕ Дунедарӕг Хуыцау дыргъдоны рацӕуы. Адам ӕмӕ йӕ ус бӕлӕсты фӕстӕ амбӕхстысты. 9 Фӕлӕ Дунедарӕг Хуыцау фӕсидт Адаммӕ: «Кӕм дӕ?» 10 Уый Йын дзуапп радта: «Дӕ къахдзӕфтӕ дын куы айхъуыстон дыргъдоны, уӕд фыр тӕссӕй бамбӕхстӕн, уымӕн ӕмӕ бӕгънӕг дӕн». 11 Хуыцау ӕй фӕрсы: «Чи дын загъта, бӕгънӕг дӕ, уый? Тобӕ дын цы бӕласӕй загътон, уымӕй ма саходай?» 12 Адамы дзуапп уыди: «Ды мын цы усы радтай, уый мын бахӕрын кодта уыцы бӕласы дыргътӕй». 13 Дунедарӕг Хуыцау сылгоймаджы бафарста: «Уый цы бакуыстай?» Сылгоймаг загъта: «Калм мӕ фӕрӕдийын кодта, ӕмӕ дзы уымӕн бахордтон». 14 Уӕд Дунедарӕг Хуыцау калмӕн загъта: «Афтӕ кӕй бакодтай, уый тыххӕй ӕппӕт цӕрӕгойты ’хсӕн ӕмӕ, зӕххыл цыдӕриддӕр змӕлӕг ис, уыдоны ’хсӕн ӕлгъыст дӕ. Дӕ гуыбыны цъарыл бырдзынӕ, цард-цӕрӕнбонты рыг хӕрдзынӕ. 15 Мыггагмӕ кӕрӕдзийӕн знаг кӕнын дӕу ӕмӕ сылгоймаджы, дӕ байзӕддаг ӕмӕ йӕ байзӕддаджы. Уый дын цъӕл кӕндзӕни дӕ сӕр, ды та йын йӕ зӕвӕтыл хӕцдзынӕ». 16 Сылгоймагӕн Дунедарӕг Хуыцау загъта: «Де ’нхъӕлцауы бонтӕ хъизӕмаргӕнгӕ ’рвитдзынӕ, тухӕнтӕгӕнгӕ цот ардзынӕ. Дӕ моймӕ дӕ ласдзӕн дӕ зӕрдӕ, ӕмӕ дын уый хицау уыдзӕни». 17 Адамӕн Дунедарӕг Хуыцау загъта: «Дӕ усы коммӕ кӕй бакастӕ ӕмӕ дын тобӕ цы бӕласӕй загътон, уый дыргътӕй кӕй бахордтай, уый тыххӕй ӕлгъыст у зӕхх дӕу тыххӕй. Цӕрӕнбонты дзы исдзынӕ дӕ къӕбӕр, хъизӕмӕрттӕ ’взаргӕйӕ. 18 Хӕмпӕлгӕрдӕг ӕмӕ сындзытӕ дын ӕрзайын кӕндзӕн зӕхх. Сӕтдзынӕ де стонг быдыры кӕрдӕгӕй. 19 Тыллӕгмондагӕй калдзынӕ дӕ сау хид, цалынмӕ, цы зӕххӕй ист ӕрцыдтӕ, уыцы зӕхмӕ бацӕуай, уӕдмӕ, уымӕн ӕмӕ ды сыджыт дӕ ӕмӕ бафтдзынӕ дӕ сыджытыл». 20 Адам йӕ усӕн радта ном Евӕ, уымӕн ӕмӕ уый сси ӕппӕт цӕрджыты рагмад. 21 Дунедарӕг Хуыцау Адам ӕмӕ йӕ усӕн скодта цӕрмын дарӕстӕ. 22 Дунедарӕг Хуыцау загъта: «Ныр адӕймаг сси Мах хуызӕн, хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы сты, уый зоны. Ӕмӕ ныр царды бӕласмӕ дӕр куы фӕныхила, йӕ дыргъӕй йын куы бахӕра ӕмӕ ӕнусмӕ куы цӕра». 23 Ӕмӕ Дунедарӕг Хуыцау рарвыста Адамы Едемы дыргъдонӕй, цы зӕххӕй ист ӕрцыди, ууыл кусынмӕ. 24 Ратардта адӕймаджы ӕмӕ Едемы дыргъдоны цур, скӕсӕнӕрдыгӕй, сӕвӕрдта херувимты ӕмӕ, алырдӕм чи ӕвзиды, ахӕм судзгӕ-зилгӕ кард — царды бӕласмӕ фӕндаг хъахъхъӕнынӕн. |
© Bible Society in Russia, 2002, 2009, 2011-2015, 2018.
Bible Society in Russia