Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Райдиан 28 - Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

1 Исаак Йаковмӕ басидт, арфӕ йын ракодта ӕмӕ йын бафӕдзӕхста: «Ханаанаг чызджытӕй ма ракур.

2 Фӕлтау ацу Паддан-Араммӕ, дӕ мады фыд Бетуелы хӕдзармӕ, ӕмӕ уым дӕ мады ’фсымӕр Лаваны чызджытӕй искӕй ракур.

3 Ӕппӕтхъомыс Хуыцау дын арфӕгӕнӕг уӕд! Дӕ байзӕддӕгты дын сбирӕ кӕнӕд, хӕдзарвӕндӕгтӕ дӕ рантысӕд!

4 Хуыцау Авраамӕн куыд раарфӕ кодта, афтӕ дӕуӕн ӕмӕ дӕ байзӕддагӕн дӕр раарфӕ кӕнӕд, цӕмӕй, Авраамӕн зӕрдӕ цы зӕххӕй бавӕрдта ӕмӕ ныр ды ӕрцӕуӕггагӕй кӕм цӕрыс, уый бауа дӕ исбон!»

5 Исаак Йаковы ауагъта, ӕмӕ уый араст ис Паддан-Араммӕ, арамейаг Бетуелы фырт Лаванмӕ — Йаков ӕмӕ Исавы мад Ревеккӕйы ӕфсымӕрмӕ.

6 Исав базыдта: Исаак Йаковӕн раарфӕ кодта ӕмӕ йӕ Паддан-Араммӕ ус курынмӕ арвыста. Арфӕ йын куы кодта, уӕд ын бафӕдзӕхста, ханаанаг чызджытӕй ма ракур, зӕгъгӕ.

7 Йаков байхъуыста йӕ фыд ӕмӕ йӕ мадмӕ ӕмӕ араст ис Паддан-Араммӕ.

8 Афтӕмӕй Исав бамбӕрста, ханаанаг чындзытӕ йӕ фыд Исаакы зӕрдӕмӕ нӕ цӕуынц, уый.

9 Уӕд фӕцыд Измаелмӕ ӕмӕ ма ӕрхаста иу ус — Авраамы фырт Измаелы чызг Махалаты, Невайоты хойы.

10 Ныр Йаков та Беер-Шевӕйӕ ацыди Харанмӕ.

11 Иу ранмӕ бахӕццӕ ис ӕмӕ уым бахсӕвиуат кодта, уымӕн ӕмӕ уӕдмӕ хур аныгуылди. Йӕ алыварс цы стыр дуртӕ уыдис, уыдонӕй иу райста, йӕ нывӕрзӕн ӕй бакодта ӕмӕ уыцы ран бахуыссыди.

12 Федта фын: зӕххыл лӕууы, йӕ кӕрон уӕларвыл кӕмӕн ӕмбӕлы, ахӕм асин, ӕмӕ йыл Хуыцауы зӕдтӕ уӕлӕмӕ-дӕлӕмӕ хизынц.

13 Дунедарӕг лӕууы асины сӕр ӕмӕ дзуры: «Ӕз Дунедарӕг дӕн, дӕ фыдӕл Авраамы Хуыцау ӕмӕ Исаакы Хуыцау. Цы зӕххыл хуыссыс, уый ратдзынӕн дӕуӕн ӕмӕ дӕ байзӕддагӕн.

14 Дӕ байзӕддӕгтӕ зӕххы рыгау сбирӕ уыдзысты ӕмӕ ахӕлиу уыдзысты ныгуылӕнӕрдӕм ӕмӕ скӕсӕнӕрдӕм, цӕгатӕрдӕм ӕмӕ хуссарӕрдӕм. Дӕу ӕмӕ дӕ байзӕддӕгты фӕрцы арфӕгонд уыдзысты ӕппӕт адӕмтӕ дӕр.

15 Рох дӕ ма уӕд, Ӕз демӕ дӕн. Кӕдӕмдӕриддӕр ацӕуай, уым дӕ бахъахъхъӕндзынӕн ӕмӕ дӕ ацы зӕхмӕ фӕстӕмӕ ӕрбаздахдзынӕн. Нӕ дӕ ныууадздзынӕн: сӕххӕст кӕндзынӕн, зӕрдӕ дын цӕмӕй бавӕрдтон, уый».

16 Йаков райхъал ис ӕмӕ загъта: «Дунедарӕг ацы ран ис, ӕнӕмӕнг, ӕз та йӕ нӕ зыдтон!»

17 Тынг фӕтарст ӕмӕ загъта: «Цы ӕвирхъау тасӕфтауӕг у ацы бынат! Цы у, уымӕй — Хуыцауы хӕдзар, арвы дуар».

18 Йаков сыстади сӕумӕйӕ, йӕ нывӕрзӕнӕй дур райста ӕмӕ йӕ сӕвӕрдта нысанӕн, оливӕйы сой йыл рауагъта.

19 Уыцы бынат схуыдта Вефил, раздӕр та сахары ном уыди Луз.

20 Йаков расомы кодта: «Хуыцау мыл куы ауда, мӕ фӕндагыл мӕ куы хъахъхъӕна, къӕбӕр ӕмӕ дарӕсӕй мӕ цух куынӕ уадза,

21 стӕй мӕ фыды уӕзӕгыл фӕстӕмӕ фарнимӕ куы сӕмбӕлон, уӕд Дунедарӕг уыдзӕни мӕ Хуыцау.

22 Зӕрдылдаринагӕн цы дур сӕвӕрдтон, уый Хуыцауы хӕдзар суыдзӕн ӕмӕ мын цыдӕриддӕр дӕттай, уымӕн Дын фӕстӕмӕ йӕ дӕсӕймаг хай дӕтдзынӕн».

© Bible Society in Russia, 2002, 2009, 2011-2015, 2018.

Bible Society in Russia
Lean sinn:



Sanasan