Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Райдиан 25 - Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

1 Авраамӕн ма уыди дыккаг ус дӕр, йӕ ном — Кетура.

2 Уый Авраамӕн ныййардта Зимраны, Йокшаны, Меданы, Мидианы, Ишбакы ӕмӕ Шуахы.

3 Йокшанӕн райгуырдысты Сава ӕмӕ Дедан. Деданы байзӕддӕгтӕ: ассириӕгтӕ, летушӕгтӕ ӕмӕ леумӕгтӕ.

4 Мидианы фырттӕ: Ефа, Ефер, Ханох, Авида, Елдага. Се ’ппӕт дӕр Авраам ӕмӕ Кетурайӕ рацыдысты.

5 Авраам йе ’ппӕт исбон дӕр радта Исаакӕн,

6 йӕ иннӕ устыты лӕппутӕн та ракодта лӕвӕрттӕ ӕмӕ сӕ йӕ фырт Исаакы цурӕй арвыста скӕсӕйнаг бӕстӕм.

7 Авраам фӕцарди сӕдӕ ӕвдай фондз азы.

8 Йӕ цардӕй ахицӕн ис хӕрз зӕрондӕй, цардӕй бафсӕст, афтӕмӕй. Амард ӕмӕ йӕ фыдӕлты размӕ бацыди.

9-10 Йӕ фырттӕ Исаак ӕмӕ Измаел ӕй бавӕрдтой Мамрейы ныхмӕ быдыры, Махпелайы лӕгӕты. Уыцы быдыр Авраам балхӕдта хеттӕгтӕй — Цохары фырт Ефронӕй. Уым ӕвӕрд сты Авраам ӕмӕ йӕ ус Саррӕ.

11 Авраамы мӕлӕты фӕстӕ йын Хуыцау арфӕ ракодта йӕ фырт Исаакӕн. Исаак царди Беер-Лахай-Роийы цъаймӕ хӕстӕг.

12 Мӕнӕ, Саррӕйы мысыраг унӕут Агар Авраамӕн кӕй ныййардта, уыцы Измаелы байзӕддӕгтӕ.

13 Измаелы фырттӕ — хистӕрӕй кӕстӕрмӕ: Невайот, йӕ зӕнӕджы хистӕр, уый дӕле — Кедар, Адбеел, Мивсам,

14 Мишма, Дума, Масса,

15 Хадад, Тема, Йетур, Нафиш, Кедма.

16 Адон сты Измаелы фыртты — дыууадӕс фӕтӕджы — нӕмттӕ. Афтӕ хуындысты, цы знӕмтӕ сӕ рацыди, уыдон дӕр. Алкӕмӕн дӕр сӕ уыди йӕхи хъӕутӕ, йӕхи цӕрӕнуӕттӕ.

17 Измаел фӕцарди сӕдӕ ӕртын авд азы, стӕй йӕ цардӕй ахицӕн ис. Амард ӕмӕ йӕ фыдӕлты размӕ бацыдис.

18 Йӕ байзӕддӕгтӕ цардысты, Мысыры ӕмарӕн Ассиримӕ фӕндагыл цы ӕдзӕрӕг быдыр ис, Шур, зӕгъгӕ, уый ӕмӕ Хавилайы ’хсӕн. Се ’рвадӕлтӕй никӕимӕ фидыдтой.

19 Мӕнӕ Авраамы фырт Исаакы ӕмӕ йӕ байзӕддаджы царды хабӕрттӕ. Авраамӕн райгуырд Исаак.

20 Исаакыл цыди дыууиссӕдз азы, Паддан-Арамӕй йын арамейаг Бетуелы чызг Ревеккӕйы, Лаваны хойы, куы ӕрхастой, уӕд.

21 Ревеккӕйӕн зӕнӕг нӕ цыд, ӕмӕ Исаак Дунедарӕгӕн лӕгъстӕ кодта. Дунедарӕг ын йӕ куывд фехъуыста, ӕмӕ Ревеккӕ банхъӕлцау ис.

22 Фӕлӕ фырттӕ йӕ гуыбыны кӕрӕдзийы схойын райдыдтой, ӕмӕ загъта: «Сомбон дӕр кӕрӕдзийы ныхмӕ куы фӕуой, уӕд мӕ цард цы у?» Ӕмӕ Дунедарӕджы бафӕрсынмӕ ацыди.

23 Дунедарӕг ын дзуапп радта: «Дыууӕ адӕмы рантысдзӕн дӕ гуыбынӕй, дыууӕ адӕмыхатты ис дӕ мидӕг — сӕ фӕндӕгтӕ фӕхицӕн уыдзысты. Сӕ иу суыдзӕн иннӕмӕй тыхджындӕр, хистӕр лӕггад кӕндзӕни кӕстӕрӕн».

24 Ревеккӕйӕн ӕрцыд йӕ арыны афон, ӕмӕ ныййардта дыууӕ фаззоны.

25 Фыццаг чи райгуырд, уый уыди сырхбуар, къахӕй сӕрмӕ — сырды цармау хъуынджын. Ном ыл сӕвӕрдтой Исав.

26 Уый хӕдуӕлвӕд райгуырд йе ’фсымӕр: мады гуыбынӕй рацыдис, йӕ къухӕй Исавы зӕвӕтыл хӕцгӕйӕ, ӕмӕ ууыл та сӕвӕрдтой ном Йаков. Куы райгуырдысты, уӕд Исаакыл цыдис ӕртиссӕдз азы.

27 Лӕппутӕ байрӕзтысты. Исав сси дӕсны цуанон, хӕтӕнты хӕтӕг. Йаков та уыд ӕвӕлмас лӕг, баззад-иу цатырты цур.

28 Исаакы зӕрдӕ агуырдта сырды фыд, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ уарзта Исавы. Ревеккӕ та уарзта Йаковы.

29 Иу хатт Йаков хъӕрмхуыпп куыд фыхта, афтӕ Исав та фӕлладӕй ӕрбацыди быдырӕй

30 ӕмӕ Йаковмӕ бахатыди: «Уыцы сырхӕй-ма мын авӕр ӕмӕ бахӕрон, кӕннод сыдӕй фӕмӕлын». Исавы фӕстӕдӕр схуындӕуыди «Сырх», дзуттагау «Едом».

31 Фӕлӕ йын Йаков дзуапп радта: «Раздӕр уал мын дӕ хистӕрад рауӕй кӕн».

32 Исав ын афтӕ: «Мӕнӕ мӕлгӕ куы кӕнын, уӕд мӕ цӕмӕн хъӕуы уыцы хистӕрад?»

33 Йаков ын загъта: «Ард мын бахӕр ныртӕккӕ». Уый йын ард бахордта ӕмӕ Йаковӕн ауӕй кодта йӕ хистӕрад.

34 Йаков радта Исавӕн дзул ӕмӕ тъӕпӕн хъӕдуры хъӕрмхуыпп. Исав бахордта ӕмӕ бануӕзта, стӕй сыстад ӕмӕ рацыди — йӕ хистӕрад ницӕмӕ ’рдардта.

© Bible Society in Russia, 2002, 2009, 2011-2015, 2018.

Bible Society in Russia
Lean sinn:



Sanasan