Райдиан 24 - Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета1 Авраам базӕронд ис. Дунедарӕг ӕй Йӕ хорзӕхӕй схайджын кодта йӕ алы хъуыддаджы дӕр. 2 Иу хатт Авраам загъта йӕ хӕдзары хистӕр цагъарӕн, йӕ исбон кӕй бӕрны уыд, уымӕн: «Дӕ къухӕй мын мӕ агъдрӕбынмӕ бавнал 3 ӕмӕ мын Дунедарӕгӕй, арв ӕмӕ зӕххы Хуыцауӕй, ард бахӕр, мӕ фыртӕн мын, кӕй ӕхсӕн цӕрын, уыцы ханаанӕгты чызджытӕй кӕй никӕй ракурдзынӕ, 4 фӕлӕ кӕй ацӕудзынӕ мӕ райгуырӕн бӕстӕм, мӕ хионтӕм, ӕмӕ уырдыгӕй кӕй ӕркӕндзынӕ ус мӕ фырт Исаакӕн». 5 Цагъар ӕй бафарста: «Мыййаг, уыцы чызг мемӕ а зӕхмӕ цӕуыныл куы не сразы уа, уӕд-иу дын дӕ фырты, цы бӕстӕйӕ рацыдтӕ, уырдӕм акӕнон?» 6 Авраам ын загъта: «Нӕ, мӕ фырты мын уырдӕм мацыхуызы акӕн! 7 Мӕ фыды уӕзӕгӕй, мӕ райгуырӕн бӕстӕй мӕ Чи рахуыдта ӕмӕ мын мӕ байзӕддагӕн ацы зӕхх раттыныл сомы Чи ракодта, уыцы Дунедарӕг, уӕларвы Хуыцау, дӕ разӕй рарвитдзӕн Йӕ зӕды, цӕмӕй мын уырдыгӕй мӕ фыртӕн ус ӕркӕнай. 8 Чызг демӕ цӕуыныл куы не сразы уа, уӕд та сӕрибар уыдзынӕ ацы ардбахӕрдӕй. Ӕрмӕст-иу мын мӕ фырты уырдӕм ма акӕн». 9 Цагъар бавнӕлдта йе ’лдар Авраамы агъдрӕбынмӕ ӕмӕ йын ард бахордта. 10 Уый фӕстӕ цагъар йе ’лдары теуатӕй рахицӕн кодта дӕс, райста йын йӕ алы хӕзнатӕй дӕр ӕмӕ араст ис Арам-Нахараимы зӕхмӕ, Нахоры сахармӕ. 11 Уырдӕм куы бахӕццӕ ис, уӕд сахармӕ хӕстӕг, цъайы цур, баурӕдта йӕ теуатӕ. Уыд изӕрмӕ ӕввахс — дондзау чызджытӕ донмӕ куы рацӕуынц, тӕккӕ уыцы афон. 12 Авраамы цагъар скуывта: «О Дунедарӕг, ме ’лдар Авраамы Хуыцау! Гъеныр мын мӕ хъуыддаг фӕрӕстмӕ кӕн! Ме ’лдар Авраамы схайджын кӕн Дӕ хорзӕхӕй! 13 Мӕнӕ лӕууын цъайы цур, ӕмӕ ныртӕккӕ сахары чызджытӕ рацӕудзысты донмӕ. 14 Дӕ дурын ӕркъул кӕн ӕмӕ дон бануазон, зӕгъгӕ сӕ кӕмӕ бахатон, уый мын кӕд афтӕ зӕгъа, бануаз, ӕз дын дӕ теуатӕн дӕр дон бадардзынӕн, зӕгъгӕ, гъеуӕд-иу ӕй, Дӕ цагъар Исаакӕн кӕй саккаг кодтай, уыцы чызг фӕкӕн. Уымӕй базондзынӕн — ме ’лдары мын схайджын кодтай Дӕ хорзӕхӕй». 15 Авраамы цагъар куывд нӕма фӕцис, ӕмӕ дын мӕнӕ, йӕ дурын йе уӕхскыл, афтӕмӕй рацӕуы Ревеккӕ — Бетуелы, Милка ӕмӕ Авраамы ӕфсымӕр Нахоры фырты, чызг. 16 Ревеккӕ уыди тынг рӕсугъд чызг, нӕлгоймаг чи нӕма базыдта, ахӕм. Ӕрцыди цъаймӕ ӕмӕ йӕ дурын байдзаг кодта. Фӕстӕмӕ куы фӕцӕйцыд, 17 уӕд ӕм Авраамы цагъар рӕвдз бауад ӕмӕ йӕм бахатыд: «Дӕ дурыны донӕй-ма мын иу хуыпп авӕр». 18 Уый загъта: «Бануаз, ме ’лдар», — дурын йе уӕхскӕй ӕриста ӕмӕ йын дон радта. 19 Авраамы цагъар куы бануӕзта, уӕд ын чызг афтӕ: «Ныртӕккӕ дын дӕ теуатӕн дӕр сисдзынӕн, уадз ӕмӕ сӕ фаг бануазой». 20 Уайтагъд йӕ дурыны дон тӕгӕнайы ауагъта, цъаймӕ та бауади ӕмӕ йын йӕ теуатӕн дӕр дон систа. 21 Авраамы цагъар ӕм кастис ӕнӕдзургӕйӕ. Фӕндыд ӕй базонын, Дунедарӕг ын йӕ фӕндаг фӕрӕстмӕ кодта ӕви нӕ. 22 Теуатӕ дон куы бануӕзтой, уӕд чызгӕн радта ӕрдӕг шекелы уӕзӕн сыгъзӕрин фындзцӕг ӕмӕ дӕс шекелы уӕзӕн дыууӕ сыгъзӕрин цонгдарӕны 23 ӕмӕ йӕ бафарста: «Зӕгъ-ма мын, кӕй чызг дӕ? Кӕм бахсӕвиуат кӕнӕм, дӕ фыды хӕдзары ахӕм бынат нӕ разындзӕн?» 24 Чызг ын дзуапп радта: «Ӕз Милка ӕмӕ Нахоры фырт Бетуелы чызг дӕн». 25 Ноджы ма йын загъта: «Фосӕн нӕм хъӕмп ӕмӕ холлаг бирӕ ис. Кӕм бахсӕвиуат кӕнат, уый дӕр ссардзыстӕм». 26 Авраамы цагъар Дунедарӕджы раз ныддӕлгом ис 27 ӕмӕ загъта: «Арфӕгонд уӕд Дунедарӕг, ме ’лдар Авраамы Хуыцау, ме ’лдарыл мын Йӕ зӕрдӕ Чи нӕ сивта, Йӕ хорзӕхӕй йӕ ӕнӕхай Чи нӕ фӕкодта! Дунедарӕг мӕ комкоммӕ ме ’лдары хионӕн йӕ цӕрӕнуатмӕ ӕрбахӕццӕ кодта». 28 Чызг рӕвдз ауади йӕ мадмӕ ӕмӕ йын ацы хабӕрттӕ рафӕзмыдта. 29-30 Ревеккӕйӕн уыд ӕфсымӕр, йӕ ном — Лаван. Ӕмӕ уый йӕ хомӕ фындзцӕг ӕмӕ цонгдарӕнтӕ куы федта, стӕй, уыцы лӕг ын цы загъта, уый куы фехъуыста, уӕд ӕм фӕссахармӕ, цъайы цурмӕ атындзыдта. Уый ма йӕ теуатимӕ лӕууыди цъайы цур. 31 Лаван ӕм бахатыди: «Саккаг кӕн, Дунедарӕгӕй арфӕгонд лӕг! Ӕдде цӕмӕн лӕууыс? Уӕ цатыр — ӕфснайд, теуатӕн дӕр бынат ӕрцӕттӕ кодтон». 32 Уазӕг сӕм мидӕмӕ бацыди. Теуаты суӕгъд кодтой ӕмӕ сын радтой хъӕмп ӕмӕ холлаг, уазӕгӕн ӕмӕ йе ’мбӕлццӕттӕн та — дон, сӕ къӕхтӕ цӕхсынӕн. 33 Авраамы цагъарӕн ӕрӕвӕрдтой фынг, фӕлӕ сын уый афтӕ: «Нӕ саходдзынӕн, цалынмӕ уын мӕ цыды сӕр раргом кӕнон, уӕдмӕ». Загътой йын: «Дзур». 34 Уый райдыдта дзурын: «Ӕз Авраамы цагъар дӕн. 35 Дунедарӕг ме ’лдарӕн ракодта стыр арфӕ, сбонджын ӕй кодта: радта йын лыстӕг фос ӕмӕ стурвос, ӕвзист ӕмӕ сыгъзӕрин, нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаг цагъартӕ, теуатӕ ӕмӕ хӕрджытӕ. 36 Ме ’лдарӕн йӕ ус Саррӕ зӕрондӕй ныййардта фырт, ӕмӕ ме ’лдар йӕ фыртӕн радта йе ’ппӕт исбон дӕр. 37 Мӕнӕн та ард бахӕрын кодта, йӕ фыртӕн ын, кӕй зӕххыл цӕры, уыцы ханаанӕгты чызджытӕй кӕй нӕ ракурдзынӕн, 38 фӕлӕ кӕй ацӕудзынӕн йӕ фыды уӕзӕгмӕ, йӕ мыггагмӕ, ӕмӕ уырдыгӕй кӕй ӕркӕндзынӕн ус Исаакӕн. 39 Ӕз ме ’лдары бафарстон: „Мыййаг, уыцы чызг мемӕ куынӕ ракома, уӕд та?“ 40 Уый мын загъта: „Йӕ коммӕ Кӕмӕн кӕсын, уыцы Дунедарӕг дын демӕ рарвитдзӕни Йӕ зӕды ӕмӕ дӕ рӕствӕндаг фӕкӕндзӕни, цӕмӕй мын мӕ фыртӕн мӕ мыггагӕй, мӕ фыды хӕдзарӕй, ӕркӕнай ус. 41 Мӕ фыды хӕдзармӕ мын куы ацӕуай, мӕ мыггагмӕ, уӕд сӕрибар уыдзынӕ ацы ардбахӕрдӕй, суанг сӕ чызджы куынӕ раттой, уӕддӕр“. 42 Абон цъаймӕ куы ӕрбахӕццӕ дӕн, уӕд скуывтон: „Дунедарӕг, ме ’лдар Авраамы Хуыцау! Тӕхуды, цы хъуыддаджы фӕдыл рацыдтӕн, уый мын куы фӕрӕстмӕ кӕнис! 43 Мӕнӕ цъайы раз лӕууын ӕмӕ, ардӕм дон исынмӕ цы чызг рацӕуа, уымӕ бахатдзынӕн, дӕ дурыны донӕй ма мын авӕр, зӕгъгӕ. 44 Ӕмӕ мын уый афтӕ куы зӕгъа, дӕхӕдӕг дӕр бануаз, дӕ теуатӕн дӕр дын сисдзынӕн дон, зӕгъгӕ, гъеуӕд-иу уыцы чызг фӕуӕд, Дунедарӕг ме ’лдары фыртӕн кӕй саккаг кодта, уый“. 45 Куывд нӕма фӕдӕн, афтӕ дын мӕнӕ рацӕуы Ревеккӕ — йӕ дурын йе уӕхскыл. Ныццыдис цъаймӕ ӕмӕ дон систа. Ӕз ӕм бадзырдтон, дон-ма мын авӕр, зӕгъгӕ. 46 Уый йӕ дурын ӕриста ӕмӕ загъта: „Ануаз, ӕз дын дӕ теуатӕн дӕр бадардзынӕн“. Ӕз куы бануӕзтон, уӕд теуатӕн дӕр дон бадардта. 47 Ӕз ӕй бафарстон: „Кӕй чызг дӕ?“ Ӕмӕ мын дзуапп радта, Нахор ӕмӕ Милкайы фырт Бетуелы чызг дӕн, зӕгъгӕ. Уӕд ын йӕ фындзыл бакодтон фындзцӕг, йӕ къухтыл та — цонгдарӕнтӕ. 48 Дунедарӕджы раз мӕ зонгуытыл ӕрхаудтӕн, бакуывтон ӕмӕ арфӕ ракодтон Дунедарӕгӕн, ме ’лдар Авраамы Хуыцауӕн, уымӕн ӕмӕ мӕ рӕствӕндаг фӕкодта, цӕмӕй ме ’лдары хионы чызджы ракурон ме ’лдары фыртӕн. 49 Гъемӕ кӕд ме ’лдармӕ хионы цӕстӕй кӕсут ӕмӕ ацы хъуыддагыл разы стут, уӕд мын ӕй зӕгъут. Кӕд нӕ, уӕд дӕр мын ӕй зӕгъут, ӕмӕ уӕд зондзынӕн, цы гӕнгӕ мын у, уый». 50 Лаван ӕмӕ Бетуел дзуапп радтой: «Ацы хъуыддаг Дунедарӕджы уынаффӕ у, ӕмӕ дын „о“ кӕнӕ „нӕ“ зӕгъӕм, уый махмӕ нӕ хауы. 51 Мӕнӕ дын — Ревеккӕ. Акӕн ӕй, ӕмӕ, Дунедарӕг куыд загъта, афтӕ суӕд де ’лдары фырты ус». 52 Авраамы цагъар уый куы фехъуыста, уӕд Дунедарӕджы раз ныддӕлгом ис зӕххыл. 53 Стӕй систа ӕвзист ӕмӕ сыгъзӕрин фӕлындӕнтӕ, дарӕсы фӕлыстытӕ ӕмӕ сӕ радта Ревеккӕйӕн. Йе ’фсымӕр ӕмӕ йын йӕ мадӕн дӕр ракодта зынаргъ лӕвӕрттӕ. 54 Йе ’мбӕлццӕттимӕ дзаг фынгтыл фӕбадтысты, стӕй сӕ алчи йӕ хуыссӕн ӕрцагуырдта. Райсомӕй куы сыстадысты, уӕд Авраамы цагъар бахатыди: «Ныр мӕ ауадзут ме ’лдармӕ». 55 Чызджы ӕфсымӕр ӕмӕ мад куырдтой: «Немӕ ма иу-дӕс боны уӕддӕр ацӕрӕд, стӕй ацӕудзӕни». 56 Фӕлӕ сын Авраамы цагъар афтӕ: «Дунедарӕг мын мӕ хъуыддаг кӕм фӕрӕстмӕ кодта, уым мӕ мауал фӕстиат кӕнут. Ауадзут мӕ, ӕмӕ ме ’лдармӕ аздӕхон». 57 Уыдон загътой: «Уӕдӕ чызгмӕ фӕдзурӕм ӕмӕ йын йӕхи бафӕрсӕм». 58 Ревеккӕмӕ фӕдзырдтой ӕмӕ йӕ бафарстой: «Цӕуыс ацы лӕгимӕ?» Уый дзуапп радта: «Цӕуын». 59 Уӕд сӕ хо Ревеккӕйы ӕд дыджызӕ ауагътой Авраамы цагъар ӕмӕ йе ’мбӕлццӕттимӕ. 60 Ревеккӕйӕн раарфӕ кодтой, загътой йын: «Дӕ байзӕддӕгтӕ ӕрдзӕ-ӕрдзӕтӕ бауӕнт, нӕ хо! Фыдгулты сахартӕ дӕ цоты исбон суӕнт!» 61 Ревеккӕ ӕмӕ йӕ унӕуттӕ сбадтысты теуатыл ӕмӕ араст сты уыцы лӕджы фӕдыл. Афтӕ ракодта Ревеккӕйы Авраамы цагъар ӕмӕ йӕ фӕндаг адардта. 62 Уыцы рӕстӕг Исаак ӕрбаздӕхти Беер-Лахай-Роийӕ — Негевы царди уӕд. 63 Изӕры Исаак быдырмӕ рацыд ӕмӕ хъуыдытӕ кодта. Кӕсы ӕмӕ уыны: теуатӕ ӕрбацӕуынц. 64 Ревеккӕ дӕр кӕсы ӕмӕ, Исаакы куы ауыдта, уӕд теуайӕ рӕвдз ӕрхызти. 65 Авраамы цагъары афарста: «Быдыры махӕрдӕм чи ӕрбацӕуы, уыцы лӕг чи у?» Цагъар загъта: «Уый ме ’лдар у». Уӕд чызг райста ӕмбӕрзӕн ӕмӕ дзы йӕхи ӕрбатыхта. 66 Цагъар Исаакӕн кӕрӕй-кӕронмӕ радзырдта йӕ балцы хабӕрттӕ. 67 Уӕд Исаак чызджы бахуыдта йӕ мад Саррӕйы цатырмӕ, ӕмӕ Ревеккӕ сси йӕ ус. Исаак ӕй бауарзта ӕмӕ ныр нал хъынцъым кодта йӕ мады мардыл. |
© Bible Society in Russia, 2002, 2009, 2011-2015, 2018.
Bible Society in Russia