Райдиан 21 - Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета1 Дунедарӕг, куыд загъта, афтӕ ӕркасти Саррӕмӕ; сарӕзта, зӕрдӕ йын цӕмӕй бавӕрдта, уый. 2 Саррӕ банхъӕлцау ис ӕмӕ, Хуыцау цы афоны кой кодта, уыцы афон Авраамӕн йӕ зӕры бон ныййардта фырт. 3 Саррӕ йын цы фырт ныййардта, ууыл Авраам сӕвӕрдта ном Исаак. 4 Аст боны йыл куы рацыди, уӕд ын Авраам сунӕт скодта, Хуыцау куыд бафӕдзӕхста, афтӕ. 5 Авраамыл цыди фондзыссӕдз азы, йӕ фырт Исаак куы райгуырди, уӕд. 6 Саррӕ загъта: «Фӕхудын мӕ кодта Хуыцау. Ацы хабар чи фехъуса, уый дӕр фӕхуддзӕни мемӕ». 7 Йӕ ныхасыл ма бафтыдта: «Чи загътаид Авраамӕн, Саррӕйы риуы ма сывӕллонӕн ӕхсыр фӕзындзӕни, зӕгъгӕ? Ныр ын йӕ зӕры бон ныййардтон фырт». 8 Саби фӕхъомыл ис. Риуӕй иртӕст цы бон ӕрцыд, уыцы бон Авраам скодта стыр куывд. 9 Иуахӕмы Саррӕ федта, Авраамӕн мысыраг Агар кӕй ныййардта, уыцы лӕппу йын йӕ фырт Исаакыл йӕхи худӕгӕй кӕй хӕссы, 10 ӕмӕ загъта Авраамӕн: «Уыцы унӕуты ӕд лӕппу атӕр! Мӕ хъӕбул Исаакы раз дын уый дӕ бынтӕм ницы бар дары». 11 Тынг хъыг уыд Авраамӕн йӕ фырт Измаелы тыххӕй ахӕм ныхӕстӕ хъусын. 12 Фӕлӕ йын Хуыцау загъта: «Лӕппуйы ӕмӕ дӕ унӕуты тыххӕй мӕт ма кӕн. Саррӕ дын цы зӕгъы, уымӕ байхъус, уымӕн ӕмӕ, Исаакӕй чи райгуыра, уыдон уыдзысты дӕ байзӕддаг. 13 Фӕлӕ унӕуты лӕппуйӕ дӕр рауадздзынӕн стыр адӕм, уымӕн ӕмӕ уый дӕр дӕ фырт у». 14 Райсомӕй раджы Авраам райста дзул ӕмӕ доны лалым, Агары уӕхскыл сӕ сӕвӕрдта, радта йын лӕппуйы дӕр ӕмӕ йӕ арвыста афтӕмӕй. Уый араст ис ӕмӕ Беер-Шевӕйы ӕдзӕрӕг быдыры фӕдзӕгъӕл ис. 15 Лалымы дон куы фӕци, уӕд лӕппуйы иу къудзийы бын ныууагъта, 16 йӕхӕдӕг ацыд ӕмӕ уырдыгӕй фаты ӕхстбӕрц дарддӕр сбадти, лӕппуйы мӕлӕт ма фенон, зӕгъгӕ, ӕмӕ ӕрдиаг кодта. 17 Фӕлӕ Хуыцау фехъуыста лӕппуйы кӕуын, ӕмӕ Хуыцауы зӕд уӕларвӕй Агармӕ фӕсидти: «Цы кӕныс, Агар? Ма тӕрс! Хуыцау лӕппуйы кӕуын фехъуыста, кӕм ӕй ныууагътай, уырдыгӕй. 18 Уӕлӕмӕ сыст! Сывӕллоны сыстын кӕн ӕмӕ йын йӕ къухыл фидар хӕц! Ӕз уымӕй рантысын кӕндзынӕн разагъды адӕм». 19 Хуыцау байгом кодта Агары цӕстытӕ, ӕмӕ уӕд Агар федта цъай. Бацыди цъаймӕ, лалым байдзаг кодта ӕмӕ лӕппуйӕн йӕ дойны басаста. 20 Хуыцау аудыдта Агары фыртыл. Уый байрӕзти. Цардис ӕдзӕрӕг быдыры ӕмӕ сахуыр ис фатӕй ӕхсын. 21 Измаел царди Параны ӕдзӕрӕг быдыры, ӕмӕ йын йӕ мад ус ӕркодта Мысыры зӕххӕй. 22 Уыцы заман Авимелех йе ’фсады хицау Пихолимӕ бацыд Аврааммӕ ӕмӕ йын загъта: «Де ’ппӕт хъуыддӕгты дыл Хуыцау ауды. 23 Гъемӕ мын ацы ран Хуыцауӕй ард бахӕр, хинӕй кӕй нӕ рацӕудзынӕ нӕдӕр мӕныл, нӕдӕр ме ’ппӕт байзӕддагыл. Ӕз дӕуӕн хӕрзты куыд бацыдтӕн, афтӕ-иу ды дӕр хӕрзты бацу мӕнӕн ӕмӕ, ӕрцӕуӕггагӕй кӕм цӕрыс, уыцы бӕстӕйӕн». 24 Авраам ард бахордта, 25 фӕлӕ Авимелехӕн бауайдзӕф кодта, дӕ цагъартӕ мын мӕ цъай байстой, зӕгъгӕ. 26 Авимелех ын дзуапп радта: «Нӕ зонын, афтӕ чи бакодта, уый. Ды дӕр мын куы ницы ской кодтай. Фыццаг хатт хъусын уыцы хабар». 27 Авраам Авимелехӕн радта фыстӕ ӕмӕ стуртӕ, ӕмӕ бафидыдтой. 28 Фыстӕй Авраам рахицӕн кодта авд далысы. 29 Авимелех ӕй бафарста: «Цӕмӕн рахицӕн кодтай ацы авд далысы?» 30 Авраам ын дзуапп радта: «Ацы авд далысы райс мӕ къухӕй — уыцы цъай ӕз кӕй скъахтон, уымӕн ӕвдисӕйнагӕн». 31 Кӕрӕдзийӕн ард кӕй бахордтой, уымӕ гӕсгӕ ацы бынат уӕдӕй фӕстӕмӕ хуыйны Беер-Шевӕ. 32 Беер-Шевӕйы Авраамимӕ куы бафидыдтой, уӕд Авимелех ӕмӕ йе ’фсады хицау Пихол фӕстӕмӕ аздӕхтысты филистимаг зӕхмӕ. 33 Авраам та Беер-Шевӕйы ныссагъта тамариск бӕлас ӕмӕ уым ссардта Дунедарӕджы, Ӕнусон Хуыцауы, ном. 34 Авраам ӕрцӕуӕггагӕй бирӕ фӕцарди филистимаг зӕххыл. |
© Bible Society in Russia, 2002, 2009, 2011-2015, 2018.
Bible Society in Russia