Райдиан 20 - Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета1 Авраам уырдыгӕй араст ис Негевы зӕхмӕ ӕмӕ ӕрӕнцади Кадешӕй Шуры ’хсӕн. Иу заман царди Герары. 2 Уым йӕ ус Саррӕйы хуыдта йӕ хо. Герары паддзах Авимелех арвыста Саррӕмӕ ӕмӕ йӕ ӕрбакӕнын кодта йӕхимӕ. 3 Фӕлӕ ӕхсӕвы Хуыцау Авимелехмӕ фыны ӕргом рацыд ӕмӕ йын загъта: «Ныртӕккӕ амӕлдзынӕ, ацы сылгоймаджы дӕхимӕ кӕй ӕрбакодтай, уый тыххӕй, уымӕн ӕмӕ моймӕдзыд у». 4 Авимелех та нырма йе ’мгӕрон нӕма ӕрцыди. «Бардарӕг! — бахатыд Авимелех. — Ау, ӕназым адӕмы дӕр фесафдзынӕ? 5 Уыцы лӕг мын йӕхӕдӕг куы дзырдта, мӕ хо у, зӕгъгӕ! Сылгоймаг дӕр ӕй йе ’фсымӕр куы хуыдта! Ацы хъуыддаджы сыгъдӕг сты мӕ цӕсгом дӕр ӕмӕ мӕ къухтӕ дӕр». 6 Фыны йын Хуыцау загъта: «Ӕз дӕр ӕй зонын, ацы хъуыддаджы дӕ цӕсгом сыгъдӕг кӕй у, уый ӕмӕ дӕ уымӕ гӕсгӕ Мӕхӕдӕг баурӕдтон тӕригъӕд ракӕнынӕй Мӕ разы — уымӕ гӕсгӕ дӕ нӕ бауагътон ацы сылгоймагмӕ бавналын. 7 Ныр сылгоймаджы фӕстӕмӕ йӕ мойӕн ратт. Уый пехуымпар у ӕмӕ дын скувдзӕни, цӕмӕй сӕрӕгасӕй баззайай. Йӕ мойӕн ӕй куынӕ раттай, уӕд та уый зон, ӕмӕ уе сӕфт ӕрцыди дӕуӕн дӕр ӕмӕ дӕ адӕмӕн дӕр». 8 Райсомӕй раджы Авимелех куы фӕдзырдта йӕ дӕлдӕртӕм се ’ппӕтмӕ дӕр ӕмӕ сын ацы ныхӕстӕ куы рафӕзмыдта, уӕд сӕ стыр тас бацыди. 9 Стӕй Авимелех фӕсидт Аврааммӕ ӕмӕ йын афтӕ: «Уый нын цы бакуыстай? Уагӕр цӕмӕй фӕазымджын дӕн дӕ разы — мӕн дӕр ӕмӕ мын мӕ паддзахад дӕр цӕмӕн баппӕрстай стыр тӕригъӕды? Куыд не ’мбӕлы, ахӕм ӕвирхъау митӕ мын бакодтай». 10 Ноджы ма йын Авимелех загъта: «Цы дын уыди уыцы фӕнд, цы дӕ зӕрды уыд?» 11 Авраам дзуапп радта: «Ӕз загътон: „Ацы ран Хуыцауӕй ӕппындӕр нӕ тӕрсынц ӕмӕ мӕ мардзысты мӕ усы тыххӕй“. 12 Ӕцӕгӕй та мын хо дӕр ӕййафы: фыдӕй иу стӕм, мадӕй та — хицӕн, ӕмӕ сси мӕ ус. 13 Хуыцау мӕ куы арвыста мӕ фыды уӕзӕгӕй дунейыл хӕтынмӕ, уӕд мӕ усӕн бафӕдзӕхстон: „Уыцы хорзы мын бацу ӕмӕ, кӕдӕмфӕнды бафтӕм, уым-иу ме ’фсымӕр у, зӕгъгӕ, дзур“». 14 Авимелех рахицӕн кодта лыстӕг фос, стурвос, нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаг цагъартӕ ӕмӕ сӕ радта Авраамӕн, фӕстӕмӕ йын радта йӕ ус Саррӕйы дӕр. 15 Загъта: «Мӕнӕ мӕ зӕхх дӕ разы. Цӕр, кӕмдӕриддӕр дӕ фӕнды, уым». 16 Саррӕйӕн дӕр загъта: «Ӕз де ’фсымӕрӕн дӕттын мин ӕвзист шекелы, ӕнӕкъӕм кӕй дӕ, уый нысанӕн, ӕмӕ, демӕ чидӕриддӕр ис, уыдоны цӕсты сраст уыдзынӕ». 17 Авраам скуывта Хуыцаумӕ, ӕмӕ Хуыцау сдзӕбӕх кодта Авимелехы, уымӕн йӕ ус ӕмӕ йӕ сылгоймаг цагъарты, ӕмӕ сын ногӕй райдыдта сывӕллӕттӕ гуырын. 18 Дунедарӕг уый размӕ Авраамы ус Саррӕйы тыххӕй Авимелехы хӕдзары ӕппӕт сылгоймӕгтӕн дӕр сӕхгӕдта сӕ зӕнӕгдон. |
© Bible Society in Russia, 2002, 2009, 2011-2015, 2018.
Bible Society in Russia