Райдиан 2 - Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета1 Афтӕ сӕнтысти дуне. 2 Ӕвдӕм бонмӕ Хуыцау арӕзт фӕци Йе ’ппӕт хъуыддӕгтӕ ӕмӕ уыцы бон ӕрӕнцади Йӕ алы куыстӕй. 3 Хуыцау арфӕ ракодта ӕвдӕм бонӕн ӕмӕ йӕ скодта уаз, уымӕн ӕмӕ уыцы бон Йе ’ппӕт хъуыддӕгтӕй ӕрулӕфыди. 4 Гъе ахӕм у арв ӕмӕ зӕхх сфӕлдисыны таурӕгъ. Дунедарӕг Хуыцау зӕхх ӕмӕ арв куы сфӕлдыста, 5 уӕд зӕххыл нӕма уыди нӕдӕр къудзи, нӕдӕр зайӕгхал, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг Хуыцау зӕхмӕ доны ’ртах нӕма ӕруагъта, зӕххыл кусынмӕ адӕймаг дӕр нӕма уыд, 6 фӕлӕ зӕххӕй уӕлӕмӕ хъардта дон ӕмӕ йын ӕфсӕста йе ’ппӕт уӕлцъар. 7 Дунедарӕг Хуыцау зӕххы рыгӕй сфӕлдыста адӕймаджы, царды комулӕфт дзы бауагъта, ӕмӕ адӕймаг сси удгоймаг. 8 Дунедарӕг Хуыцау скӕсӕны, Едемы, скодта дыргъдон ӕмӕ дзы ӕрцӕрын кодта Йе сфӕлдыст адӕймаджы, Адамы. 9 Дунедарӕг Хуыцау зӕххӕй сзайын кодта, йӕ уынд зӕрдӕмӕдзӕугӕ, йӕ дыргъ та хӕрынӕн бӕзгӕ кӕмӕн у, алы ахӕм бӕлӕстӕ, дыргъдоны астӕу — царды бӕлас, стӕй хорз ӕмӕ ӕвзӕр базоныны бӕлас. 10 Едемӕй калди цӕугӕдон, донӕй ӕфсӕста дыргъдон ӕмӕ цыппар къабазӕй згъордта дарддӕр. 11 Цӕугӕдӕттӕй сӕ иуӕн йӕ ном — Пишон. Уый кӕлы сыгъзӕринарӕх Хавилайы зӕххыл, кӕрӕй-кӕронмӕ. 12 Уыцы зӕххӕн йӕ сыгъзӕрины хъӕд хорз у, ноджы ма дзы ис хӕрздӕфгӕнӕн чъиу бдолах ӕмӕ зынаргъ дур оникс. 13 Иннӕ — Гихон, кӕлы Кушы ӕппӕт зӕххыл. 14 Ӕртыккаг — Тигр, кӕлы Ассирийы скӕсӕйнаг фӕрсты. Цыппӕрӕм у Евфрат. 15 Дунедарӕг Хуыцау Адамы ӕрцӕрын кодта Едемы дыргъдоны, цӕмӕй дзы змӕла, зила йӕм. 16 Ноджы ма йын бафӕдзӕхста: «Дыргъдоны бӕлӕстӕй кӕцыфӕндыйы дыргътӕй дӕр хӕр, 17 ӕрмӕст хорз ӕмӕ ӕвзӕр базоныны бӕласмӕ ма бавнал. Йӕ дыргътӕй йын куы фӕхъӕстӕ уай, уӕд уыцы бон ӕрбамӕлдзынӕ». 18 Дунедарӕг Хуыцау загъта: «Адамӕн хорз нӕу иунӕгӕй цӕрын. Сфӕлдисон ын йӕхи аккаг ӕххуысгӕнӕг». 19 Дунедарӕг Хуыцау зӕххӕй сӕнтысын кодта алы сырд ӕмӕ алы маргъ, ӕрбакодта сӕ Адаммӕ, цы нӕмттӕ сын ратдзӕни, уый фенынмӕ. Алы цӕрӕгойыл дӕр хъуамӕ баззадаид, адӕймаг ын цы ном ратта, уый. 20 Адам радта нӕмттӕ алы фос, алы уӕларвон маргъ ӕмӕ алы зӕххон цӕрӕгойӕн. Фӕлӕ уыдоны ’хсӕн адӕймагӕн аккаг ӕххуысгӕнӕг нӕ разынд. 21 Ӕмӕ уӕд Дунедарӕг Хуыцау Адамыл бафтыдта тарф фынӕй. Куы бафынӕй ис, уӕд ын йӕ фӕрсчытӕй иу систа ӕмӕ фӕрсчы бынат сӕхгӕдта буарӕй. 22 Адамӕй цы фӕрск систа, уымӕй Дунедарӕг Хуыцау сфӕлдыста сылгоймаджы ӕмӕ йӕ ӕрбакодта Адаммӕ. 23 Нӕлгоймаг загъта: «Мӕнӕ гъе, ай у мӕ туг, ме стӕгӕй; уый хуындзӕни сылгоймаг, уымӕн ӕмӕ нӕлгоймагӕй ист у». 24 Уымӕ гӕсгӕ адӕймаг ныууадздзӕни йӕ фыд ӕмӕ йӕ мады, баиу уыдзӕн йӕ усимӕ, ӕмӕ суыдзысты иу буар. 25 Сӕ дыууӕ дӕр, нӕлгоймаг ӕмӕ йӕ ус, уыдысты мадард бӕгънӕг, фӕлӕ сӕм уый худинаг нӕ касти. |
© Bible Society in Russia, 2002, 2009, 2011-2015, 2018.
Bible Society in Russia