Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Райдиан 18 - Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

1 Мамрейы тулдзджыны цур Дунедарӕг ӕргом рацыд Аврааммӕ, ӕмбисбоны ӕнтӕфы йӕ цатыры къӕсӕры раз куы бадти, уӕд.

2 Авраам хӕрдмӕ скасти ӕмӕ федта: йӕ акомкоммӕ лӕууынц ӕртӕ лӕджы. Куыддӕр сӕ ауыдта, афтӕ рӕвдз бауади сӕ размӕ, зӕххыл ныддӕлгом ис

3 ӕмӕ бахатыд: «О Бардарӕг! Кӕд мӕ Дӕ хорзӕхы аккаг кӕныс, уӕд Дӕ курын, ӕмӕ Дӕ цагъары иувӕрсты ма ацу.

4 Ныртӕккӕ ӕрбадавдзысты дон, цӕмӕй уӕ къӕхтӕ цӕхсат; баулӕфут ацы бӕласы бын.

5 Уӕ цагъарӕн йӕ рӕзты кӕм цӕут, уым уын ӕз ӕрӕвӕрдзынӕн къӕбӕр, ӕмӕ, куы фӕхъуыртхъом уат, уӕд уӕ фӕндагыл цӕудзыстут дарддӕр». Уыдон загътой: «Хорз, куыд загътай, афтӕ бакӕн».

6 Авраам цатырмӕ фӕтагъд кодта ӕмӕ Саррӕйӕн загъта: «Рӕвдздӕр хыссӕ азмӕнт ӕвзаргӕ ссады ӕртӕ мӕртӕй ӕмӕ донгӕндтӕ акӕн».

7 Уыйфӕстӕ азгъордта рӕгъаумӕ, хӕрзхаст род равзӕрста, цагъармӕ йӕ радта, ӕмӕ йӕ уый уайтагъд ацӕттӕ кодта.

8 Уӕд Авраам райста къӕдор, ӕхсыр ӕмӕ роды фыд ӕмӕ сӕ йӕ уазджыты раз ӕрӕвӕрдта. Цалынмӕ хордтой, уӕдмӕ сын Аврам бӕласы бын уырдыг лӕууыди.

9 Уазджытӕ Авраамы бафарстой: «Дӕ ус Саррӕ кӕм ис?» Уый сын загъта: «Ам ис, цатыры».

10 Уазӕг загъта: «Ӕз дӕм ӕнӕмӕнг ӕрбацӕудзынӕн инназ ацафон, ӕмӕ дӕ ус Саррӕйӕн уыдзӕни лӕппу». Саррӕ лӕууыди уазӕджы фӕстӕ, цатыры къӕсӕры раз, ӕмӕ сӕм уырдыгӕй хъуыста.

11 Авраам ӕмӕ Саррӕ сӕ зӕронды кары бацыдысты, ӕмӕ, сылгоймаг афонӕй-афонмӕ цы низӕй фӕтыхсы, уый дӕр нал хъыгдардта Саррӕйы.

12 Уымӕ гӕсгӕ йӕхинымӕр бахудти: «Ныридӕгӕн куы ныххӕррӕгъ дӕн, уӕд ма мӕ цавӕр амонд хъуамӕ фӕуа? Мӕ сӕры хицау дӕр зӕронд куы у».

13 Дунедарӕг Авраамӕн загъта: «Цӕмӕн бахудти Саррӕ? Цӕмӕ гӕсгӕ афтӕ зӕгъы, ацы зӕронд бадӕн ӕмӕ ма куыд ныййардзынӕн, зӕгъгӕ?

14 Дунедарӕджы бон цы нӕу? Нысангонд рӕстӕджы дӕм ногӕй ӕрцӕудзынӕн, ӕмӕ Саррӕйӕн уыдзӕни лӕппу».

15 Саррӕ фӕтарст ӕмӕ нӕ басасти: «Ӕз нӕ бахудтӕн». Фӕлӕ йын Уый загъта: «Нӕ, ды бахудтӕ».

16 Уазджытӕ сыстадысты ӕмӕ уырдыгӕй ацыдысты Содомы ’рдӕм. Авраам сӕ фӕдыл рацыди, цӕмӕй сӕ афӕндараст кӕна.

17 Дунедарӕг загъта: «Цы сфӕнд кодтон, уый Авраамӕй цӕмӕн бамбӕхсон!

18 Авраамӕй рантысдзӕни нымӕцӕй бирӕ ӕмӕ хъомысджын адӕм. Авраамы фӕрцы арфӕгонд уыдзысты ӕппӕт адӕмтӕ дӕр.

19 Авраамы Ӕз уый тыххӕй равзӕрстон, цӕмӕй йӕ фырттӕн ӕмӕ йӕ байзӕддагӕн ныффӕдзӕхса Дунедарӕджы фӕндагыл цӕуын, раст хъуыддӕгтӕ кӕнын. Ӕмӕ уӕд Дунедарӕг сӕххӕст кӕндзӕн, Авраамӕн зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уыдӕттӕ».

20 Ӕмӕ Дунедарӕг загъта: «Содом ӕмӕ Гоморрӕйы тыххӕй Мӕм бирӕ хъӕстытӕ сыхъуысти, сӕ тӕригъӕд уӕззау у.

21 Ныццӕуон ӕмӕ фенон, Содомы тыххӕй Мӕм цы хъӕстытӕ ссыди, уыдон ӕцӕг сты ӕви нӕ. Базонон ӕй».

22 Лӕгтӕ уырдыгӕй рацыдысты ӕмӕ Содомы ’рдӕм сӕ фӕндаг адардтой. Авраам ма уӕддӕр лӕууыди Дунедарӕджы раз.

23 Авраам ӕм хӕстӕгдӕр бацыд ӕмӕ Йӕ бафарста: «Ау, фыдгӕнджытимӕ рӕстыты дӕр фесафдзынӕ?

24 Кӕд уыцы сахары дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз рӕстгӕнӕджы ис, уӕд та? Ау, фесафис уыцы бынат, нӕ йын ныббарис дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз рӕстгӕнӕджы тыххӕй?

25 Уый ма ’рцӕуӕд, ӕмӕ Ды афтӕ бакӕнай, ӕнаххос фыдгӕнӕджы хал ахӕра! Уый ма ’рцӕуӕд! Ӕппӕт зӕххӕн Тӕрхонгӕнӕг куыннӕ хъуамӕ рахӕсса раст тӕрхон?»

26 Дунедарӕг дзуапп радта: «Содомы дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз рӕстгӕнӕджы куы ссарон, уӕд уыдоны тыххӕй ныббардзынӕн уыцы бынатӕн».

27 Авраам афтӕ бакодта: «Ӕз цы дӕн, уымӕй — рыг ӕмӕ фӕнык, фӕлӕ, зӕгъын, мӕ ныфс куы бахӕссин ӕмӕ Бардарӕджы куы бафӕрсин:

28 дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз рӕстгӕнӕджы фондз хъуаг разындысты, зӕгъгӕ, уӕд уыцы фондзы аххосӕй ӕнӕхъӕн сахар бабын кӕндзынӕ?» Дунедарӕг дзуапп радта: «Фондз ӕмӕ дзы дыууиссӕдз рӕстгӕнӕджы куы ссарон, уӕд ӕй нӕ бабын кӕндзынӕн».

29 Авраам та Йӕ ноджыдӕр бафарста: «Ныр дзы дыууиссӕдз разынди, зӕгъгӕ, уӕд та?» Дунедарӕг дзуапп радта: «Дыууиссӕдзы тыххӕй дӕр ӕй нӕ бабын кӕндзынӕн».

30 Авраам та загъта: «Бардарӕг ма смӕсты уӕд, фӕлӕ ма, зӕгъын, куы бафӕрсин: ныр дзы дӕс ӕмӕ ссӕдз рӕстгӕнӕджы разынди, зӕгъгӕ, уӕд та?» Дунедарӕг дзуапп радта: «Дӕс ӕмӕ ссӕдз рӕстгӕнӕджы дзы куы ссарон, уӕд дӕр ӕй нӕ бабын кӕндзынӕн».

31 Авраам та бафарста: «Мӕ ных ма, зӕгъын, куы батӕрин ӕмӕ Бардарӕджы куы бафӕрсин: ныр дзы ссӕдз разынди, зӕгъгӕ, уӕд та?» Дунедарӕг дзуапп радта: «Ссӕдзы тыххӕй дӕр ӕй нӕ бабын кӕндзынӕн».

32 Авраам та загъта: «Бардарӕг ма смӕсты уӕд, фӕстаг хатт ма Дӕ, зӕгъын, куы бафӕрсин: ныр дзы дӕс разынди, зӕгъгӕ, уӕд та?» Дунедарӕг дзуапп радта: «Дӕсы тыххӕй дӕр ӕй нӕ бабын кӕндзынӕн».

33 Ууыл Дунедарӕг Авраамимӕ Йӕ ныхас фӕцис ӕмӕ ацыди. Авраам дӕр раздӕхт йӕ хӕдзармӕ.

© Bible Society in Russia, 2002, 2009, 2011-2015, 2018.

Bible Society in Russia
Lean sinn:



Sanasan