Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Райдиан 17 - Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

1 Аврамыл нудӕс ӕмӕ цыппарыссӕдз азы куы цыдис, уӕд ӕм Дунедарӕг ӕргом рацыд ӕмӕ йын загъта: «Ӕз Ӕппӕтхъомыс Хуыцау дӕн. Кӕс Мӕ коммӕ ӕмӕ у ӕнаипп!

2 Ӕз демӕ сараздзынӕн фидыд, дӕ байзӕддаджы дын сбирӕ кӕндзынӕн».

3 Аврам ныддӕлгом ис Хуыцауы раз. Хуыцау ын загъта:

4 «Демӕ аразын фидыд. Ды уыдзынӕ бирӕ адӕмты фыдӕл.

5 Аврам дӕ нал хондзысты, фӕлӕ нырӕй фӕстӕмӕ дӕ ном уыдзӕнис Авраам, уымӕн ӕмӕ дӕ скӕндзынӕн бирӕ адӕмты фыдӕл.

6 Дӕ байзӕддӕгты дын тынг сбирӕ кӕндзынӕн, дӕуӕй рантысдзӕни адӕмтӕ, дӕуӕй рацӕудзӕни паддзӕхтӕ дӕр.

7 Ӕз сараздзынӕн фидыд демӕ ӕмӕ дӕ байзӕддӕгтимӕ, мыггагмӕйы фидыд, фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ: Ӕз уыдзынӕн дӕу ӕмӕ дӕ байзӕддаджы Хуыцау.

8 Дӕуӕн ӕмӕ дӕ байзӕддӕгтӕн фыдӕй-фыртмӕйы исбонӕн ратдзынӕн, ныр ӕрцӕуӕггагӕй кӕуыл цӕрыс, уыцы зӕхх, Ханааны зӕхх ӕнӕхъӕнӕй. Ӕмӕ дӕ байзӕддӕгтӕн уыдзынӕн сӕ Хуыцау».

9 Хуыцау ма Авраамӕн загъта: «Ды дӕр ӕххӕст кӕн, Мӕ фидыд цы домы, уый, дӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ дӕ байзӕддӕгтӕ дӕр, фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ.

10 Мӕнӕ уын, гъе, Мӕ фидыд, ӕмӕ де ’ппӕт байзӕддӕгтӕ ӕххӕст кӕнӕнт йӕ домӕн: сунӕтгонд уӕм-иу ӕрцӕуӕд алы нӕлгоймаг дӕр.

11 Сунӕт кӕнут уӕхицӕн — уый уыдзӕни Мӕн ӕмӕ сымах ӕхсӕн фидыды нысан.

12 Йӕ райгуырдӕй аст боны кӕуыл рацӕуа, уӕ уыцы лӕппутӕй-иу алчидӕр ӕрцӕуӕд сунӕтгонд. Афтӕ кӕнут фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ, уӕхи ӕмӕ, уӕ цагъарты цотӕй уӕ хӕдзары чи райгуыра, уыдонӕн ӕмӕ, уӕ байзӕддагӕй чи нӕ уа, фӕлӕ кӕцыфӕнды ӕрцӕуӕггагӕй кӕй балхӕнат, уыдонӕн дӕр.

13 Хъуамӕ ӕнӕмӕнг сунӕтгонд уа, дӕ хӕдзары чи райгуырди, уый дӕр ӕмӕ де ’лхӕд дӕр. Ӕмӕ Мӕ фидыд — йӕ нысан уӕ буарыл — уыдзӕни мыггагмӕйы фидыд.

14 Сунӕтгонд цы нӕлгоймаг не ’рцӕуа, уый та йӕ адӕмӕй фӕхъӕудзӕн, уымӕн ӕмӕ фехӕлдта Мӕ фидыд».

15 Хуыцау ма Авраамӕн ноджыдӕр загъта: «Дӕ ус Сарӕйы мауал хон Сарӕ, фӕлӕ нырӕй фӕстӕмӕ йӕ ном уӕд Саррӕ.

16 Ӕз ын раарфӕ кӕндзынӕн, ӕмӕ дын ныййардзӕни фырт. Раарфӕ кӕндзынӕн Саррӕйӕн, ӕмӕ дзы рантысдзысты адӕмтӕ, йӕ байзӕддӕгтӕ суыдзысты алы адӕмты паддзӕхтӕ».

17 Авраам ныддӕлгом ис Хуыцауы раз, фӕлӕ йӕхинымӕр бахудт: «Нӕ зонын, фондзыссӕдзаздзыд зӕрондӕн ма исты рантыса? Дӕс ӕмӕ цыппарыссӕдзаздзыд Саррӕ дӕр ма исты ныййара?»

18 Хуыцауӕн та Авраам загъта: «Измаел куы цӕрид Дӕ арфӕимӕ!»

19 Фӕлӕ Хуыцау загъта: «Дӕ ус Саррӕ дын ныййардзӕни фырт, ӕмӕ йыл сӕвӕрдзынӕ ном Исаак. Ӕз уыимӕ ӕмӕ йӕ байзӕддагимӕ сараздзынӕн мыггагмӕйы фидыд.

20 Измаелы тыххӕй дӕр дын фехъуыстон дӕ курдиат. Ӕз ын раарфӕ кӕндзынӕн. Сбирӕ йӕ кӕндзынӕн — йӕ байзӕддӕгтӕ тынг бирӕ уыдзысты. Дыууадӕс фӕтӕджы рацӕудзӕнис Измаелы артӕй. Рантысын дзы кӕндзынӕн разагъды адӕм.

21 Ӕцӕг, фидыд сараздзынӕн, Саррӕ дын иннӕ ацафон кӕй ныййара, уыимӕ — Исаакимӕ».

22 Ууыл Хуыцау Йӕ ныхас фӕцис Авраамимӕ ӕмӕ ацыди.

23 Уӕд Авраам бавдӕлд, ӕмӕ йын Хуыцау куыд бафӕдзӕхста, афтӕ тӕккӕ уыцы бон сунӕт скодта йӕ хӕдзары ӕппӕт нӕлгоймӕгтӕн: йӕ фырт Измаелӕн, йӕ хӕдзары чидӕриддӕр райгуырди, уыдонӕн, стӕй, ӕлхӕд ын чи уыди, уыдонӕн дӕр.

24-25 Авраам нудӕс ӕмӕ цыппарыссӕдзаздзыд уыди, сунӕтгонд куы ӕрцыди, уӕд, йӕ фырт Измаел та — ӕртындӕсаздзыд.

26 Уыцы иу бон ӕрцыдысты сунӕтгонд Авраам ӕмӕ йӕ фырт Измаел.

27 Авраамы хӕдзары ӕппӕт нӕлгоймӕгтӕ — йӕ хӕдзары чи райгуырди, уыдон дӕр ӕмӕ, ӕддагӕттӕй ӕлхӕд чи уыди, уыдон дӕр — сунӕтгонд ӕрцыдысты йемӕ.

© Bible Society in Russia, 2002, 2009, 2011-2015, 2018.

Bible Society in Russia
Lean sinn:



Sanasan