Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Райдиан 15 - Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

1 Ацы хабӕрттӕ куы ӕрцыдысты, уый фӕстӕ Дунедарӕг Авраммӕ ӕргом рацыд ӕмӕ йын загъта: «Ма тӕрс, Аврам! Ӕз дӕ хъахъхъӕнын уартау. Стыр уыдзӕни дӕ хӕрзиуӕг».

2 Фӕлӕ Аврам загъта: «О Дунедарӕг, мӕ Хуыцау! Цы кӕнын уыцы хӕрзиуӕгӕй, кӕд ӕмӕ ӕнӕзӕнӕгӕй амӕлдзынӕн ӕмӕ мӕ бынтӕ дамаскаг Елиезерӕн баззайдзысты, уӕд?»

3 Ноджы ма загъта: «Зӕнӕг мын нӕ радтай, ӕмӕ мӕ бынтӕ мӕ цагъары хай бауыдзысты».

4 «Дӕ цагъармӕ не ’рхаудзысты дӕ бынтӕ, — загъта йын Дунедарӕг. — Дӕхицӕн уыдзӕни фырт».

5 Цатырӕй рацӕуын кодта Аврамы ӕмӕ йын загъта: «Скӕс-ма арвмӕ ӕмӕ стъалытӕ банымай. Бантысдзӕни дын сӕ банымайын?» Загъта ма йын: «Гъе уый бӕрц уыдзысты дӕ байзӕддӕгтӕ».

6 Аврам баууӕндыди Дунедарӕгыл, ӕмӕ йӕ уымӕ гӕсгӕ Уый банымадта рӕстгӕнӕгыл.

7 Дунедарӕг загъта Аврамӕн: «Ӕз Дунедарӕг дӕн, цӕмӕй дын ацы зӕхх раттон, уый тыххӕй дӕ халдейаг Урӕй Чи ракодта, Уый. Фыдӕй-фыртмӕйы исбонӕн ӕй айс».

8 Аврам бафарста: «О Дунедарӕг, мӕ Хуыцау, цӕмӕй бӕрӕг у, ацы зӕхх мӕн кӕй уыдзӕни, уый?»

9 Дунедарӕг ын загъта: «Ӕрбакӕн Мын ӕртӕаздзыд хъуг, ӕртӕаздзыд сӕгъ ӕмӕ ӕртӕаздзыд фыр, стӕй ӕрбахӕсс ӕхсинӕг ӕмӕ бӕдул бӕлон».

10 Аврам сӕ ӕрбакодта, аргӕвста сӕ ӕмӕ сӕ дӕргъмӕ афаста, се ’рдджытӕ сын иу иннӕйы ныхмӕ ӕрӕвӕрдта. Ӕрмӕст мӕргъты нӕ адих кодта.

11 Холыхор мӕргътӕ сыл ӕмбырдтӕ кодтой, фӕлӕ-иу сӕ Аврам асырдта.

12 Хур ӕрныгуылыны афон Аврам тарф фынӕй баци; ӕвирхъау тас йӕ зӕрдӕйы ныххызт, ӕмӕ йыл дуне баталынг ис.

13 Дунедарӕг Аврамӕн загъта: «Уый зон, ӕмӕ дӕ байзӕддӕгтӕ кӕйдӕр зӕххыл ӕрцӕуӕггагӕй цӕрдзысты, цагъартӕ сӕ скӕндзысты, ӕмӕ сӕ цыппарсӕдӕ азы дӕргъы ссӕнддзысты.

14 Фӕлӕ Ӕз, цагъары ӕфсондз сыл чи сӕвӕра, уыцы адӕмӕн уыдзынӕн тӕрхонгӕнӕг, ӕмӕ дӕ байзӕддӕгтӕ уырдыгӕй рацӕудзысты стыр исбонимӕ.

15 Ды та дӕ фыдӕлтыл фарнимӕ сӕмбӕлдзынӕ, хӕрз зӕрондӕй бацӕудзынӕ ингӕнмӕ.

16 Дӕ байзӕддӕгтӕн ӕрмӕст сӕ цыппӕрӕм фӕлтӕр ӕрбаздӕхдзысты ардӕм, уымӕн ӕмӕ аморӕгты тӕригъӕдтӕ фаг нӕма сбирӕ сты».

17 Хур аныгуылд, ӕмӕ бӕстӕ ныттар ис. Ӕвиппайды сырхзынг пец ӕмӕ пиллонуадзгӕ цырагъ кусарты хӕйттӕн сӕ тӕккӕ астӕуты ацыдысты.

18 Уыцы бон Дунедарӕг Аврамимӕ сарӕзта фидыд. Загъта: «Ӕз ацы зӕхх дӕттын дӕ байзӕддӕгтӕн, Мысыры цӕугӕдонӕй Евфраты стыр доны онг.

19 Ныр дзы цӕрынц кенӕгтӕ, кенизӕгтӕ, кедмонӕгтӕ,

20 хеттӕгтӕ, периззӕгтӕ, рефаимтӕ,

21 аморӕгтӕ, ханаанӕгтӕ, гиргашӕгтӕ ӕмӕ йевусӕгтӕ».

© Bible Society in Russia, 2002, 2009, 2011-2015, 2018.

Bible Society in Russia
Lean sinn:



Sanasan