Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Райдиан 14 - Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

1 Уыцы заман Шинары паддзах Амрафел, Елласары паддзах Ариох, Еламы паддзах Кедорлаомер ӕмӕ Гоимы паддзах Тидал

2 хӕстӕввонгӕй араст сты Содомы паддзах Берӕйы, Гоморрӕйы паддзах Биршайы, Адмайы паддзах Шинавы, Цевоимы паддзах Шемеверы ӕмӕ Белайы (ома Цоары) паддзахы ныхмӕ хӕцынмӕ.

3 Адон та се ’фсӕдты уымӕй размӕ иууылдӕр ӕрӕмбырд кодтой Сидимы дӕлвӕзы, ныр Мард денджыз кӕм ис, уым.

4 Дыууадӕс азы дӕргъы уыдысты Кедорлаомеры ӕфсондзы бын, фӕлӕ ӕртындӕсӕм аз йӕ ныхмӕ растадысты.

5 Цыппӕрдӕсӕм аз Кедорлаомер йе ’мцӕдисон паддзӕхтимӕ ӕрцыд, ӕмӕ рефаимты ныддӕрӕн кодтой Аштерот-Карнаимы, зузӕгты — Хамы, емимӕгты — Шаве-Кириатаимы,

6 хорӕгты та — Сеиры хӕхбӕсты, фӕсырдтой сӕ ӕдзӕрӕг быдыры кӕронмӕ, Ел-Параны сахары онг.

7 Уырдыгӕй аздӕхтысты Ен-Мишпаты (ома Кадешы) ’рдӕм ӕмӕ ныддӕрӕн кодтой амалекӕгты бӕстӕ, стӕй Хацецон-Тамары цӕрӕг аморӕгты.

8 Уӕд рацыдысты Содомы паддзах, Гоморрӕйы паддзах, Адмайы паддзах, Цевоимы паддзах ӕмӕ Белайы (ома Цоары) паддзах ӕмӕ Сидимы дӕлвӕзы схӕцыдысты

9 Еламы паддзах Кедорлаомер, Гоимы паддзах Тидал, Шинары паддзах Амрафел ӕмӕ Елласары паддзах Ариохимӕ — цыппар паддзахы фондзы ныхмӕ.

10 Шидимы дӕлвӕзы бирӕ уыди писийы дзыхъхъытӕ. Содом ӕмӕ Гоморрӕйы паддзӕхтӕ лидзӕг куы фесты, уӕд сӕ адӕмӕй бирӕтӕ ныххаудысты уыцы дзыхъхъыты, чи ма сӕ аирвӕзти, уыдон та алыгъдысты хӕхтӕм.

11 Уӕлахиздзаутӕ рахастой Содом ӕмӕ Гоморрӕйы ӕппӕт исбон ӕмӕ хӕлц ӕмӕ ацыдысты.

12 Уацары акодтой Аврамы ӕфсымӕры лӕппу — Содомы цӕрӕг Лоты дӕр. Рахастой йын йӕ исбон дӕр.

13 Чи аирвӕзти, уыдонӕй иу ӕрцыд ӕмӕ хабар фехъусын кодта дзуттаг Аврамӕн, уыцы рӕстӕг амораг Мамрейы тулдзджыны раз чи царди, уымӕн. Ӕфсымӕртӕ Мамре, Ешкол ӕмӕ Анер уыдысты Аврамы цӕдисонтӕ.

14 Йӕ хион уацары ис, Аврам уый куы фехъуыста, уӕд ӕрӕмбырд кодта йӕ тохвӕлтӕрд адӕмы, йӕ хӕдзары чи райгуырди, уыдоны — ӕртӕсӕдӕ ӕстдӕс лӕджы, — ӕмӕ фӕдисы фӕцыдысты суанг Данмӕ.

15 Уым йӕ адӕмимӕ знагыл ӕхсӕвыгон ӕртыхст ӕмӕ сӕ ныддӕрӕн кодта, фӕсырдта сӕ Дамаскы цӕгатварс Ховайы онг.

16 Аврам фӕстӕмӕ байста ӕппӕт исбон, ракодта йӕ хион Лоты дӕр ӕд исбон, стӕй сылгоймӕгты ӕмӕ иннӕ уацайрӕгты.

17 Аврам Кедорлаомеры ӕмӕ уымӕн йе ’мцӕдисон паддзӕхты куы басаста ӕмӕ фӕстӕмӕ куы раздӕхти, уӕд Шавейы дӕлвӕзы (ома Паддзахы дӕлвӕзы) йӕ размӕ рацыди Содомы паддзах.

18 Салимы паддзах Мелхиседек дӕр — Иууылбӕрзонд Хуыцауы сауджын — рахаста дзул ӕмӕ сӕн

19 ӕмӕ загъта: «Арфӕгонд уӕд Аврам Иууылбӕрзонд Хуыцауӕй, арв ӕмӕ зӕхх Сфӕлдисӕгӕй!

20 Арфӕгонд уӕд Иууылбӕрзонд Хуыцау, де знӕгты дын дӕ къухтӕм Чи радта!» Ӕмӕ Аврам Мелхиседекӕн бахуын кодта йе ’ппӕт ӕфтиӕгты дӕсӕймаг хай.

21 Содомы паддзах загъта Аврамӕн: «Ратт мын мӕ адӕмы, исбон дӕхицӕн уадз».

22 Фӕлӕ Аврамы дзуапп уыд: «Ард дын хӕрын Дунедарӕджы, Иууылбӕрзонд Хуыцауы, арв ӕмӕ зӕхх Сфӕлдисӕджы раз:

23 дӕ исбонӕй мӕ суанг ӕндах ӕмӕ дзабыры бос дӕр нӕ хъӕуы, цӕмӕй ма зӕгъай, ӕз сбонджын кодтон Аврамы, зӕгъгӕ.

24 Мӕн ницы хъӕуы. Ӕрмӕст, мӕ адӕмӕн хӕлцыл цы бахардз ис, уый мын бафид ӕмӕ, мӕ фарсмӕ чи хӕцыди, уыдонӕн, Анер, Ешкол ӕмӕ Мамрейӕн, цы хай ӕмбӕлы, уый ратт».

© Bible Society in Russia, 2002, 2009, 2011-2015, 2018.

Bible Society in Russia
Lean sinn:



Sanasan