Райдиан 13 - Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета1 Аврам Мысырӕй фӕстӕмӕ сыздӕхти Негевы ӕдзӕрӕг быдырмӕ — ӕд ус, ӕд исбон, Лот дӕр йемӕ, афтӕмӕй. 2 Тынг хъӕздыг уыд Аврам фосӕй, ӕвзистӕй ӕмӕ сыгъзӕринӕй. 3 Негевӕй араст ис дарддӕр ӕмӕ бахӕццӕ ис Вефилмӕ, раздӕр ын Вефил ӕмӕ Гайы ’хсӕн цатыр кӕм уыди, 4 Дунедарӕгӕн нывондхӕссӕн кӕм сарӕзта ӕмӕ Йын Йӕ ном кӕм ссардта, уыцы бынатмӕ. 5 Аврамимӕ цӕугӕцард чи кодта, уыцы Лотмӕ дӕр уыди лыстӕг фос ӕмӕ стурвос, стӕй цатыртӕ. 6 Афтӕ сбирӕ сты сӕ дыууӕйы фос, ӕмӕ сын дарддӕр иумӕ цӕрынӕн зӕхх скъуындӕг ис. 7 Аврамы ӕмӕ Лоты фыййӕутты ’хсӕн-иу рауади быцӕутӕ. Уӕды заман уыцы зӕххыл цардысты ханаанӕгтӕ ӕмӕ периззӕгтӕ дӕр. 8 Иуахӕмы Аврам Лотӕн загъта: «Курын дӕ, нӕ дыууӕйы ’хсӕн дӕр ӕмӕ нӕ фыййӕутты ӕхсӕн дӕр хъаугъа ма рауайӕд, уымӕн ӕмӕ ӕз ӕмӕ ды хионтӕ стӕм. 9 Мӕнӕ зӕхх иууылдӕр дӕ разы. Дӕ хорзӕхӕй, байуарӕм. Ды галиуӕрдӕм куы аздӕхай, уӕд ӕз — рахизӕрдӕм. Намӕ ды аздӕх рахизӕрдӕм, ӕз та — галиуӕрдӕм». 10 Лот йӕ цӕст ахаста Иорданы дӕлвӕзыл ӕмӕ федта, уыцы дӕлвӕз суанг Цоары онг, Дунедарӕджы дыргъдонау кӕнӕ Мысыры зӕххау, иууылдӕр донӕфсӕст кӕй уыди, уый. Уӕд Дунедарӕг Содом ӕмӕ Гоморрӕйы сахартӕ нӕма бабын кодта. 11 Лот йӕхицӕн равзӕрста Иорданы дӕлвӕз ӕмӕ скӕсӕнӕрдӕм адардта йӕ фӕндаг. Афтӕмӕй Аврамимӕ фӕхицӕн сты кӕрӕдзийӕ. 12 Аврам ӕрцарди Ханааны зӕххыл, Лот та ныццыди дӕлвӕзы сахарты ’рдӕм. Йӕ цатыртӕ айтыгъта Содомы раз. 13 Содомы цӕрджытӕ фыд адӕм уыдысты, Дунедарӕджы раз — ӕгӕр тӕригъӕдджын. 14 Лот ӕмӕ Аврам куы байуӕрстой, уӕд Дунедарӕг Аврамӕн загъта: «Кӕм лӕууыс, уырдыгӕй-ма дӕ цӕст ахӕсс цӕгатыл, хуссарыл, скӕсӕныл ӕмӕ ныгуылӕныл. 15 Цы зӕххытӕ уыныс, уыдон Ӕз мыггагмӕ дӕуӕн ӕмӕ дӕ байзӕддӕгтӕн ратдзынӕн. 16 Дӕ байзӕддӕгты дын, зӕххы рыгау, сбирӕ кӕндзынӕн. Зӕххы рыгӕн банымайӕн куыд нӕй, афтӕ дӕ байзӕддӕгтӕн дӕр банымайӕн нӕ уыдзӕн. 17 Цу ӕмӕ ӕрзил, цы зӕхх дын дӕттын, ууыл, йӕ дӕргъ ӕмӕ йын йӕ уӕрх фен». 18 Аврам систа йӕ цатыртӕ ӕмӕ дарддӕр йӕ фӕндагыл араст ис. Бахӕццӕ ис Хевронмӕ ӕввахс Мамрейы тулдзджынмӕ ӕмӕ уым ӕрцарди. Уыцы ран Дунедарӕгӕн сарӕзта нывондхӕссӕн. |
© Bible Society in Russia, 2002, 2009, 2011-2015, 2018.
Bible Society in Russia