Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Райдиан 12 - Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

1 Дунедарӕг загъта Аврамӕн: «Ныууадз дӕ бӕстӕ, дӕ хионты, дӕ фыды хӕдзар ӕмӕ ацу, Ӕз дын цы зӕхх бацамонон, уырдӕм.

2 Ӕз дын раарфӕ кӕндзынӕн, дӕуӕй рантысын кӕндзынӕн разагъды адӕм, скадджын дын кӕндзынӕн дӕ ном, ӕмӕ дӕ фӕрцы алчидӕр базондзӕни, Мӕ арфӕ цы у, уый.

3 Арфӕ дын чи ракӕна, уыдонӕн Ӕз дӕр раарфӕ кӕндзынӕн, чи дӕ рафауа, уыдоны та ӕлгъыстаг фӕкӕндзынӕн. Дӕ фӕрцы арфӕгонд уыдзысты ӕппӕт адӕмтӕ дӕр».

4 Аврам бакодта, Дунедарӕг ын куыд загъта, афтӕ. Йемӕ рацыди Лот дӕр. Аврамӕн, Харан куы ныууагъта, уӕд йӕ фынддӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз азы йӕхи фесты.

5 Аврам йемӕ ракодта йӕ ус Сарӕйы, йе ’фсымӕры лӕппу Лоты, стӕй йемӕ райста, Хараны сӕм цы мулк ӕрӕмбырд, уый. Йемӕ ма ракодта, цы цагъартӕ йӕм уыд, уыдоны дӕр ӕмӕ семӕ араст ис Ханааны зӕхмӕ; кӕддӕр-кӕддӕр ӕм бахӕццӕ сты.

6 Ханааны зӕххыл сӕ фӕндаг адардтой ӕмӕ бафтыдысты Шехеммӕ, Морейы тулдз кӕм уыди, уыцы бынатмӕ. Уыцы зӕххыл уӕды заман ханаанӕгтӕ цардысты,

7 фӕлӕ Дунедарӕг Авраммӕ ӕргом рацыд ӕмӕ йын загъта: «Ацы зӕхх ратдзынӕн дӕ байзӕддӕгтӕн». Ӕмӕ Аврам Дунедарӕгӕн уыцы ран сарӕзта нывондхӕссӕн.

8 Уырдыгӕй Аврам араст ис, Вефилӕй скӕсӕнӕрдӕм цы хӕхбӕстӕ уыдис, уырдӕм ӕмӕ уым йӕ цатыр айтыгъта. Вефил аззади ныгуылӕнӕрдыгӕй, Гай та уыди скӕсӕнӕрдыгӕй. Уыцы ран дӕр Аврам Дунедарӕгӕн сарӕзта нывондхӕссӕн ӕмӕ Йын ссардта Йӕ ном.

9 Стӕй уырдыгӕй сыстад ӕмӕ дарддӕр йӕ фӕндаг хуссарӕрдӕм адардта.

10 Ханааны зӕххыл скодта ӕвирхъау стонг заман, ӕмӕ уал Аврам хуыздӕр цардагур Мысырмӕ йӕхи айста.

11 Мысырмӕ куы баввахс ис, уӕд йӕ ус Сарӕйӕн загъта: «Рӕсугъд сылгоймаг дӕ, уый мын гуырысхойаг нӕу.

12 Мысырӕгтӕ дӕ куы феной, уӕд зӕгъдзысты: „Ай йӕ ус у“, ӕмӕ мӕ амардзысты, дӕу та удӕгасӕй ныууадздзысты.

13 Фӕлӕ-иу сын ды зӕгъ, йӕ хо дӕн, зӕгъгӕ, ӕмӕ мын уӕд мӕ уд дӕр фервӕзын кӕндзынӕ, мӕ хъуыддаг дӕр хорз ацӕудзӕнис».

14 Аврам Мысырмӕ куы ныццыди, уӕд мысырӕгтӕ федтой, йемӕ тынг рӕсугъд сылгоймаг кӕй ис, уый.

15 Фараоны барджынтӕ йӕ куы фӕфиппайдтой, уӕд дзы фараонӕн раппӕлыдысты, стӕй йын ӕй йӕ галуанмӕ ӕрбакодтой.

16 Аврамы хъуыддаг хорз ацыди йӕ усы фӕрцы — ӕрбафтыд ӕм лыстӕг фос ӕмӕ стурвос, хӕрджытӕ ӕмӕ теуатӕ, нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаг цагъартӕ.

17 Фӕлӕ Дунедарӕг Аврамы ус Сарӕйы тыххӕй стыр бӕллӕхты баппӕрста фараоны йӕ хӕдзаронтимӕ.

18 Уӕд фараон басидт Авраммӕ ӕмӕ йын загъта: «Уый мын цы бакуыстай? Дӕ ус кӕй у, уый цӕмӕн басусӕг кодтай?

19 Цӕмӕн загътай, мӕ хо у, зӕгъгӕ? Ӕз ӕй уый тыххӕй куы ракуырдтон. Акӕн ныр дӕ усы дӕр ӕмӕ ацу!»

20 Фараон йӕ адӕмӕн бардзырд радта, ӕмӕ Аврамы арвыстой, йӕ ус ӕмӕ йӕм цыдӕриддӕр уыди, уыимӕ.

© Bible Society in Russia, 2002, 2009, 2011-2015, 2018.

Bible Society in Russia
Lean sinn:



Sanasan