Райдиан 10 - Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета1 Мӕнӕ Нойы фырттӕ Сим, Хам ӕмӕ Йафеты хӕдзарвӕндаг. Доны хъаймӕты фӕстӕ сын рацыди цот. 2 Йафеты фырттӕ: Гомер, Магог, Мадай, Йаван, Тувал, Мешех, Тирас. 3 Гомеры фырттӕ: Ашкеназ, Рифат, Тогарма. 4 Йаваны байзӕддӕгтӕ: Елиша, Таршиш, киттимӕгтӕ, доданӕгтӕ. 5 Уыдонӕй равзӕрдысты, денджызы сакъадӕхтыл чи ӕрцарди, уыцы адӕмтӕ. Гъе адон сты Йафеты байзӕддӕгтӕ. Цы адӕмыхӕттытӕ сӕ равзӕрди, уыдон се ’ппӕт дӕр дих кодтой хицӕн мыггӕгтыл. Алы адӕмыхаттӕн дӕр уыдис йӕхи зӕхх ӕмӕ йӕхи ӕвзаг. 6 Хамы фырттӕ: Куш, Мицраим, Пут, Ханаан. 7 Кушы фырттӕ: Сева, Хавила, Савта, Раама, Савтеха. Раамайы фырттӕ: Сава ӕмӕ Дедан. 8 Кушӕй ма райгуырди Нимрод, зӕххыл фыццаг бӕгъатыр. 9 Дунедарӕджы раз уыди ӕрдхӕрӕны цуанон. Уымӕн фӕзӕгъынц, Нимродау ӕрдхӕрӕны цуанон у Дунедарӕджы раз, зӕгъгӕ. 10 Нимроды паддзахадмӕ хаудтой раздӕр Вавилон, Ерех, Аккад ӕмӕ Калне, се ’ппӕт дӕр — Шинары зӕххыл. 11 Уыцы зӕххӕй ацыди Ассиримӕ, ӕмӕ уым сарӕзта сахартӕ Ниневи, Реховот-Ир ӕмӕ Калах, 12 ноджы ма Ресен, Ниневийӕ Калахы ’хсӕн. Калах зындгонд сахар у. 13 Мицраимӕй рацыдысты: лудӕгтӕ, анамӕгтӕ, лехавӕгтӕ, нафтухӕгтӕ, 14 патрусӕгтӕ, каслухӕгтӕ ӕмӕ кафторӕгтӕ. Кафторӕгтӕй равзӕрдысты филистимӕгтӕ. 15 Ханааны байзӕддӕгтӕ: йӕ хистӕр — Сидон, уый кӕстӕр — Хет, 16 ноджы ма — йевусӕгтӕ, аморӕгтӕ, гиргашӕгтӕ, 17 хиввӕгтӕ, аркӕгтӕ, синӕгтӕ, 18 арвадӕгтӕ, цемарӕгтӕ ӕмӕ хаматӕгтӕ. Фӕстӕдӕр ханаанаг мыггӕгтӕ ахӕлиу сты алы рӕтты: 19 сӕ зӕххытӕ Сидонӕй Герары ’рдӕм ӕххӕссыдысты Газӕйы онг, Содом, Гоморрӕ, Адма ӕмӕ Цевоимы ’рдӕм та — Лешайы онг. 20 Адон — Хамы байзӕддӕгтӕ. Алкӕмӕй дӕр дзы равзӕрди хицӕн адӕмыхатт — йӕхи ӕвзаг ӕмӕ йӕхи зӕххы хайыл цӕрӕг знӕмтимӕ. 21 Цот рацыди Симӕн дӕр. Уый у Еверы ӕппӕт байзӕддӕгты фыдӕл, Йафеты хистӕр ӕфсымӕр. 22 Симы байзӕддӕгтӕ: Елам, Ассир, Арфахсад, Луд, Арам. Алкӕмӕй дӕр дзы равзӕрди хицӕн адӕмыхатт — йӕхи ӕвзаг ӕмӕ йӕхи зӕххы хайыл цӕрӕг знӕмтимӕ. 23 Арамы байзӕддӕгтӕ: Уц, Хул, Гетер, Маш. 24 Арфахсадӕн райгуырди Шелах, Шелахӕн райгуырд Евер. 25 Еверӕн райгуырди дыууӕ фырты: сӕ иу хуынди Пелег. Ахӕм ном ыл сӕвӕрдтой, зӕхх уыцы рӕстӕджы уӕрст кӕй ӕрцыди, уымӕ гӕсгӕ. Йе ’фсымӕр хуынди Йоктан. 26 Йоктанӕн райгуырдысты Алмодад, Шелеф, Хацармавет, Йарах, 27 Хадорам, Узал, Дикла, 28 Овал, Авимаел, Сава, 29 Офир, Хавила, Йовав. Адон иууылдӕр уыдысты Йоктаны байзӕддӕгтӕ. 30 Сӕ цӕрӕн бынӕттӕ ӕххӕссыдысты Мешайӕ скӕсӕйнаг хӕхбӕстӕ Сефары онг. 31 Адон сты Симы байзӕддӕгтӕ. Цы адӕмыхӕттытӕ сӕ равзӕрди, уыдон иууылдӕр дих кодтой хицӕн мыггӕгтыл. Алы адӕмыхаттӕн дӕр уыд йӕхи зӕхх ӕмӕ йӕхи ӕвзаг. 32 Ӕппӕт ацы нӕмттӕй хуыдтой, Нойы фырттӕ ӕмӕ сӕ байзӕддагӕй зӕххыл доныхъаймӕты фӕстӕ чи ахӕлиу ис, уыдонӕй рацӕугӕ знӕмтӕ ӕмӕ адӕмыхӕттыты. |
© Bible Society in Russia, 2002, 2009, 2011-2015, 2018.
Bible Society in Russia