Псаломтӕ 96 - Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета1 Дунедарӕг у Паддзах! Райӕд зӕххы цъар, райӕнт денджызгӕрон ӕппӕт бӕстӕтӕ. 2 Йӕ алыварс — мигъ, саудалынг, Йӕ паддзахы бадӕны бындур — рӕстдзинад ӕмӕ раст тӕрхон. 3 Йӕ разӕй цӕуы арт, Йӕ алыварс Ын бавзалы кӕны Йе знӕгты. 4 Йӕ арвӕрттывдтӕй рухс у дун-дуне; зӕхх уый уыны ӕмӕ ризы. 5 Хӕхтӕ тайынц мыдадзау Дунедарӕджы, зӕххы цъары Бардарӕджы раз. 6 Уӕлӕрвтӕ хъусын кӕнынц Йӕ раст тӕрхон, адӕмтӕ ӕвдисӕн сты Йӕ кадӕн. 7 Додой сӕ къона, гуымирытӕн чи кувы ӕмӕ сын лӕггад чи кӕны, уыдонӕн! Ӕппӕт хуыцӕуттӕ, зӕххыл ӕрхаут Йӕ разы! 8 Хъусы Сион ӕмӕ райы, цин кӕнынц Иудейы чызджытӕ, цин кӕнынц, Дунедарӕг, Дӕ раст тӕрхоныл! 9 Уымӕн ӕмӕ Ды, Дунедарӕг, ӕгас зӕххӕй бӕрзонддӕр, ӕппӕт хуыцӕуттӕй уӕлдӕр дӕ! 10 Дунедарӕджы уарзджытӕ, ӕнӕуынон уын уӕд фыддзинад! Уый хъахъхъӕны рӕстгӕнджыты, ӕнӕхуыцӕутты къухӕй сӕ бахизы. 11 Рухс сӕрттывта рӕстгӕнӕгӕн, сыгъдӕг зӕрдӕты цин ӕрцарди. 12 Цин кӕнут, рӕстудтӕ, Дунедарӕгыл, стаут Ӕй, уаз кӕй у, уый тыххӕй! |
© Bible Society in Russia, 2002, 2009, 2011-2015, 2018.
Bible Society in Russia