Псаломтӕ 94 - Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета1 Ӕрбацӕут ӕмӕ цины зарӕгӕй Дунедарӕджы сыстауӕм, кад кӕнӕм Хуыцауӕн, нӕ ирвӕзӕн Къӕдзӕхӕн. 2 Йӕ разы ӕрлӕууӕм райгондӕй, кады зарджытӕй Йӕ стауӕм, 3 уымӕн ӕмӕ Стыр Хуыцау у Дунедарӕг — ӕппӕт хуыцӕутты Стыр Паддзах. 4 Зӕххӕн йӕ бындуртыл Уый хӕцы, хӕхты бӕрзӕндтӕ Йӕ къухы сты. 5 Уый у денджыз дӕр, Уый йӕ сфӕлдыста, ӕмӕ сур дӕр сарӕзтой Йӕ къухтӕ. 6 Ӕрбацӕут-ма ӕмӕ бакувӕм, ӕрзоныг уӕм Дунедарӕджы, не Сфӕлдисӕджы раз. 7 Уый нӕ Хуыцау у, мах та — Йӕ адӕм, Йӕ фысты дзуг. Абон Ын Йӕ хъӕлӕс куы фехъусат, уӕд, 8 фӕлварӕн бон Меривайы, ӕдзӕрӕг быдыры, Массӕйы, куыд уыдыстут, уӕдау уӕ зӕрдӕтӕ ма ныддур кӕнут. 9 Уӕ фыдӕлтӕ Мӕ уым фӕлвӕрдтой, ӕмӕ цы сарӕзтон, уый федтой. 10 Дыууиссӕдз азы Ӕз мӕсты уыдтӕн сӕ фӕлтӕрмӕ. Уӕд загътон: «Ацы адӕмӕн сӕ зӕрдӕтӕ адзӕгъӕл сты, Мӕ фӕндӕгтӕ Мын нӕ зонынц». 11 Ӕз смӕсты дӕн ӕмӕ расомы кодтон: «Ме ’нцойадмӕ никуы бацӕудзысты уыдон». |
© Bible Society in Russia, 2002, 2009, 2011-2015, 2018.
Bible Society in Russia