Псаломтӕ 92 - Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета1 Дунедарӕг у Паддзах! Кад — Йӕ фӕлыст, хъомыс — Йӕ рон, Уымӕн лӕууы дун-дуне фидар. Нӕ фенкъуысдзӕн. 2 Незамантӕй Дӕ паддзахы бадӕн — ӕнӕфенкъуысгӕ, Дӕхӕдӕг та — паддзах ӕнустӕм! 3 О Дунедарӕг, дӕтты уынӕр хъуысы, абухынц дӕттӕ, ӕмбухынц ӕрвнӕрдау. 4 Абухгӕ дӕтты уынӕрӕй, денджызы знӕт уылӕнтӕй тыхджындӕр у Дунедарӕг уӕлӕрвты! 5 Дӕ уынаффӕтӕ сты ныфсы хос, Дӕ хӕдзар ӕнустӕм уаз рухсӕй фӕлыст у! |
© Bible Society in Russia, 2002, 2009, 2011-2015, 2018.
Bible Society in Russia