Псаломтӕ 91 - Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета1 Псалом. Сабатбоны зарӕг. 2 Куы ӕхцон у Дунедарӕджы стауын ӕмӕ Дӕ номы кадӕн зарын, Бӕрзӕндтыл Бадӕг, 3 сӕумӕрайсом стауын Дӕ хорзӕх, ӕхсӕвыгон — Дӕ иузӕрдиондзинад, 4 дӕстӕнонтӕ ӕмӕ хъисфӕндырты зӕлтимӕ. 5 Уымӕн ӕмӕ мын, Дунедарӕг, мӕ зӕрдӕ срухс кодтай Дӕ хъуыддӕгтӕй. Дӕ къухӕй цыдӕриддӕр сарӕзтай, уыдоны цинӕй райын. 6 О Дунедарӕг! Куыд ӕгӕрон сты Дӕ хъуыддӕгтӕ, куыд арф сты Дӕ хъуыдытӕ! 7 Ӕдылы сӕ нӕ зоны, ӕнӕфенд сӕ не ’мбары. 8 Фыдгӕнджытӕ кӕрдӕгау рӕзынц, ӕнӕхуыцӕуттӕ дидинӕг калынц, фӕлӕ уыдон фесӕфдзысты мыггагмӕ. 9 Дӕуӕн та, Дунедарӕг, Дӕ кад бӕрзонд у ӕнусмӕ! 10 Де знӕгтӕ, Дунедарӕг, Де знӕгтӕ бабын уыдзысты ӕцӕгдӕр, фыдгӕнджытӕ алырдӕмты фӕлидздзысты. 11 Мӕнӕн та галы сыкъайау мӕ сыкъа сисыс бӕрзонд, ноглӕмӕрст оливӕйы сойӕ мӕ байсӕрдыс. 12 Мӕ цӕстытӕ ме знӕгты сӕфт уынынц, мӕ ныхмӕ растджытӕн се сӕфты кой хъусын. 13 Рӕстгӕнӕг дыргъбӕласау дидинӕг калдзӕн, хӕрдмӕ фӕцӕудзӕни ливайнаг кедрау. 14 Дунедарӕджы хӕдзары кӕй ныссагътой, уыдон дидинӕг калынц нӕ Хуыцауы кӕртыты, 15 зӕры бонты дӕр дыргъджын, донджын ӕмӕ райдзастхуыз уыдзысты, 16 цӕмӕй хъусын кӕной, Дунедарӕг, мӕ къӕдзӕх, рӕстаг кӕй у, уый ӕмӕ Йӕм ӕнӕрастӕй кӕй ницы ис! |
© Bible Society in Russia, 2002, 2009, 2011-2015, 2018.
Bible Society in Russia