Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Псаломтӕ 86 - Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

1 Корахы фыртты псалом. Зарӕг. Дунедарӕг Йӕ сахарӕн уаз хохыл ӕрӕвӕрдта бындур.

2 Йаковы байзӕддаджы цӕрӕнтӕй Дунедарӕг уӕлдай тынгдӕр уарзы Сионы кулдуар.

3 Хуыцауы сахар, дӕ кады кой айхъуысти дӕрдтыл!

4 Чи Мӕ зоны, уыдонӕн Ӕз Рахав ӕмӕ Вавилоны кой ракӕндзынӕн; филистимӕгтӕ, стӕй Тир ӕмӕ Эфиопийы цӕрджытӕ зӕгъдзысты: «Ахӕм ӕмӕ ахӕм адӕймаг райгуырди уым.»

5 Сионы тыххӕй дӕр дзурдзысты: «Ахӕм ӕмӕ ахӕм адӕймаг райгуырди уым, ӕмӕ уыцы сахарӕн фидар бындур Бӕрзӕндтыл Бадӕг Йӕхӕдӕг ӕрӕвӕрдта».

6 Дунедарӕг адӕмты сфысты ныффысдзӕн: «Ахӕм ӕмӕ ахӕм адӕймаг райгуырди уым.»

7 Кафджытӕ ӕмӕ зарӕггӕнджытӕ зӕгъдзысты: «Нӕ фарны суадӕттӕ иууылдӕр Дӕуӕй цӕуынц!»

© Bible Society in Russia, 2002, 2009, 2011-2015, 2018.

Bible Society in Russia
Lean sinn:



Sanasan