Псаломтӕ 82 - Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета1 Зарӕг. Асафы псалом. 2 О Хуыцау, ма у ӕнӕсым, ма лӕуу ӕнцад! ма у ӕнӕдзуапп, Хуыцау! 3 Ӕркӕс-ма, Де знӕгтӕ мӕ сӕ хъӕрахсты бын фӕкодтой. Йе сӕфт Дӕ чи уыны, уыдон схӕцыдысты сӕ сӕртыл. 4 Дӕ адӕмы ныхмӕ Дын сарӕзтой фыдвӕнд. Дӕ базыры бын кӕй бакодтай, уыдоны ныхмӕ уынаффӕтӕ кӕнынц. 5 Зӕгъынц: «Цӕй ӕмӕ ацы адӕмы ныццӕгъдӕм, цӕмӕй Израилы номӕн йӕ кой, йӕ хъӕр дӕр макуыуал райхъуыса!» 6 Ӕмзӕрдӕйӕ баныхас кодтой, Дӕ ныхмӕ цӕдис сарӕзтой: 7 Едомы цатырты цӕрджытӕ, измаелӕгтӕ, моавӕгтӕ, агарӕгтӕ, 8 гевалӕгтӕ, аммонӕгтӕ, амалекӕгтӕ, филистимӕгтӕ Тиры цӕрджытимӕ. 9 Сӕ фарс рахӕцыдысты ассириӕгтӕ дӕр, Лоты байзӕддӕгтӕн сӕ хъаруйыл бафтыдтой. 10 Уӕдӕ сӕ бабын кӕн, Кишоны былгӕрон мидианӕгты, Сисерайы ӕмӕ Йавины куыд бабын кодтай, 11 Ен-Доры цӕрджытӕ куыд фӕцагъды сты ӕмӕ сӕ мӕрдтӕ зӕххӕн хъацӕн куыд фестадысты, уыйау! 12 Сӕ раздзӕуджыты сын амар Орев ӕмӕ Зеевау, сӕ фӕтӕгты та — Зевах ӕмӕ Цалмуннӕйау! 13 Уымӕн ӕмӕ уыдон дзырдтой: «Мах бацахсдзыстӕм Хуыцауы зӕххытӕ». 14 О мӕ Хуыцау, фӕсур сӕ, дымгӕ йӕ уӕлныхты уаддзалх кӕнӕ зыгуымы муртӕ куыд ахӕссы, уыйау! 15 Хъӕды бӕлӕстыл зынг куыд сирвӕзы, хӕхтыл арты пиллон куыд афӕйлауы, 16 афтӕ сӕ Дӕ тымыгъӕй ныффалгӕрон кӕн, Дӕ зилгӕ уадӕй сыл фыд азар бафтау! 17 Се ’фсарм куыд ссудза ӕмӕ Дӕ куыд бацагурой, Дунедарӕг, афтӕ сын бакӕн! 18 Мыггагмӕ сыл худинаджы гакк сӕвӕр, фыд тас сыл бафтау! Уадз ӕмӕ фӕхудинаг уой ӕмӕ бабын уой! 19 Уадз ӕмӕ базоной, Дӕ ном Дунедарӕг кӕй у, ӕрмӕст Ды кӕй дӕ Бӕрзӕндтыл Бадӕг ӕгас зӕххы сӕрмӕ! |
© Bible Society in Russia, 2002, 2009, 2011-2015, 2018.
Bible Society in Russia