Псаломтӕ 81 - Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета1 Асафы псалом. Хуыцау сыстади хуыцӕутты ӕмбырды ӕмӕ се ’хсӕн рахаста Йӕ тӕрхон: 2 «Ӕнӕраст тӕрхон кӕдмӕ хӕсдзыстут, фыдлӕгты фарс кӕдмӕ хӕцдзыстут? 3 Мӕгуырты ӕмӕ сидзӕрты сӕрыл хӕцут, ӕфхӕрд ӕмӕ мӕгуыр адӕмӕн рӕстаг тӕрхон хӕссут! 4 Бахизут ӕфхӕрд ӕмӕ мӕгуыры, фыдлӕгты къухтӕй сӕ фервӕзын кӕнут! 5 Ницы зонынц ӕмӕ ницы ’мбарынц, талынджы цӕуынц; суанг ма зӕххы бындуртӕ дӕр нынкъуыстысты! 6 Ӕз загътон: „Сымах хуыцӕуттӕ стут, уе ’ппӕт дӕр — Иууылбӕрзонды фырттӕ“, 7 фӕлӕ сымах дӕр иннӕ адӕмау амӕлдзыстут, зӕххон хицӕуттау бабын уыдзыстут». 8 О Хуыцау, сыст ӕмӕ тӕрхон кӕн зӕххӕн, уымӕн ӕмӕ ӕппӕт адӕмтӕ сты Дӕ исбон! |
© Bible Society in Russia, 2002, 2009, 2011-2015, 2018.
Bible Society in Russia