Псаломтӕ 80 - Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета1 Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн. «Ха-гиттит»-ы зӕлтӕм гӕсгӕ. Асафы псалом. 2 Цингӕнгӕ зарут Хуыцауӕн — Уый нӕ тых у! Цины хъӕр сисут Йаковы Хуыцауы кадӕн! 3 Ныззарут Ын, рӕсугъд Ын ӕрцӕгъдут далатӕй, ӕхцонзӕл дыууадӕстӕнонтӕй ӕмӕ хъисфӕндыртӕй! 4 Сыкъауадындзӕй-иу ныууасут мӕйноджы ӕмӕ цӕлхыдзаг мӕйы бӕрӕгбӕтты рӕстӕджы! 5 Уый Израилӕн у ӕгъдау, Йаковы Хуыцауы амынд. 6 Йосефы байзӕддагӕн ӕй бафӕдзӕхста, Мысыры зӕххӕй куы рацыдысты, уӕд. Уым фыццаг хатт, кӕй нӕ зыдтой, уыцы хъӕлӕс фехъуыстой: 7 «Де уӕхсчытӕй дын де ’ргъом ӕристон, дӕ чыргъӕдтӕ дын айстон дӕ къухтӕй. 8 Уынгӕджы сахат Мӕм сдзынӕзтай, ӕмӕ дӕ Ӕз фервӕзын кодтон, сау ӕврагъы хуылфӕй дын дзуапп радтон, Меривайы доны цур дӕ бафӕлвӕрдтон. 9 Мӕ адӕм, ӕрбайхъусут-ма ногӕй Мӕ фӕдзӕхстмӕ! О Израил, куы Мӕм байхъусис! 10 Ӕцӕгӕлон хуыцауыл дӕхи макуы бафӕдзӕхс, ӕндӕрбӕстаг хуыцаумӕ макуы скув! 11 Ӕз Дунедарӕг дӕн, дӕ Хуыцау, Мысыры зӕххӕй дӕ Чи ракодта, уый. Байгом кӕн дӕ дзых, ӕмӕ дӕ бафсадон. 12 Фӕлӕ Мӕм Мӕ адӕм нӕ байхъуыстой. Израил Мӕ коммӕ нӕ касти. 13 Сӕ хиваст зӕрдӕйы бар сӕ ныууагътон, ӕмӕ сӕ цыдӕриддӕр фӕндыд, уыдӕттӕ кодтой. 14 Тӕхуды, куы Мӕм байхъуыстаиккой Мӕ адӕм! Израил Мӕ фӕндагыл куы цыдаид! 15 Ӕз ын уайсахат йӕ фыдгулты басастаин, йе ’фхӕрджытыл ын Мӕ азар ныххуырстаин. 16 Ӕмӕ, Дунедарӕгӕй йе сӕфт чи уыдта, уыдон зӕрдӕлхӕнӕнтӕ кодтаиккой Йӕ разы, мыггагмӕйы ӕфхӕрд райстаиккой. 17 Сымахӕн та хойрагӕн ӕвзаргӕ мӕнӕу лӕвӕрдтаид, къӕдзӕхӕй цы мыд тӕдзы, уымӕй уӕ ӕфсӕстаид». |
© Bible Society in Russia, 2002, 2009, 2011-2015, 2018.
Bible Society in Russia