Псаломтӕ 8 - Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета1 Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн: Сӕндуцджыты хъӕлдзӕг зарӕджы зӕлтӕм гӕсгӕ. Давиды псалом. 2 О Дунедарӕг, нӕ Бардарӕг! Куыд кадджын у ӕгас зӕххыл Дӕ ном! Уӕлӕрвтӕй фӕуӕлдӕр ис Дӕ кад! 3 Чысыл сабитӕ ӕмӕ дзидзидайтӕн сыстауын кодтай Дӕхи, Де знӕгтӕн Ды равдыстай Дӕ хъару, цӕмӕй фыдгултӕ базоной сӕ бон. 4 Де ’нгуылдзтӕ цы уӕлӕрвтӕ сфӕлдыстой, уым цы мӕй, цы стъалытӕ ӕрцауыгътой, уыдонмӕ куы скӕсын, 5 уӕд фӕзӕгъын: «Цы у адӕймаг, ӕмӕ Дӕ зӕрдыл лӕууа, цы у адӕймаджы фырт, ӕмӕ йыл Ды мӕт кӕнай?» 6 Ды йӕ зӕдтӕй бирӕ дӕлдӕр нӕ сӕвӕрдтай, кад ӕмӕ йын цыт радтай. 7 Цыдӕриддӕр сфӕлдыстай — йӕ бар ын сӕ бакодтай, ӕппӕт дӕр ын йӕ къӕхты бын ӕрӕвӕрдтай: 8 лыстӕг фос, стуртӕ ӕмӕ хъӕддаг сырдты, 9 уӕларвон мӕргъты, денджызы кӕсӕгты, фурды ӕрфыты ӕппӕт змӕлджыты. 10 О Дунедарӕг, нӕ Хуыцау! Ӕппӕт дунейы кадджын у Дӕ ном! |
© Bible Society in Russia, 2002, 2009, 2011-2015, 2018.
Bible Society in Russia