Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Псаломтӕ 74 - Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

1 Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн. «Ма мӕ фесаф»-ы зӕлтӕм гӕсгӕ. Асафы псалом. Зарӕг.

2 Кад Дын кӕнӕм, стауӕм дӕ, Хуыцау! Ӕдзухдӕр нӕ былалгъыл ис Дӕ ном, адӕмӕн хъусын кӕнӕм Дӕ диссӕгтӕ.

3 «Афон куы ралӕууа, уӕд Ӕз раст тӕрхон кӕндзынӕн, — зӕгъы Хуыцау, —

4 зӕхх куы нынкъуыса, йӕ цӕрджытӕ ӕмризӕджы куы ризой, уӕд Ӕз фидар хӕцдзынӕн йӕ бындуртыл».

5 Сӕрыстыртӕн фӕдзӕхсын: «Уӕ хъал митӕ ныууадзут!» Ӕнаккӕгтӕн зӕгъын: «Ӕнӕрвӕссон ма ут!

6 Ӕгӕр бӕрзӕндты ма хӕссут уӕ сӕртӕ, схъӕл ныхасӕй хизут уӕхи!»

7 Мацы тӕрхонмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсут нӕдӕр скӕсӕнӕй, нӕдӕр ныгуылӕнӕй, нӕдӕр ӕдзӕрӕг быдырӕй, нӕдӕр хӕхтӕй.

8 Тӕрхонгӕнӕг у Хуыцау: иуы ӕрныллӕг кӕны, иннӕйы та бӕрзонд сисы.

9 Дунедарӕджы къухы ис ӕхсидгӕ сӕны кӕхц, маст хъацӕнтӕй — йедзаг, ӕмӕ Уый ӕгас зӕххы ӕнӕхуыцӕуттӕн уыцы сӕнӕй бануазын кӕндзӕн йӕ бынтӕм.

10 Ӕз та мыггагмӕ кад кӕндзынӕн ӕмӕ стаудзынӕн Йаковы Хуыцауы.

11 Хуыцау зӕгъы: «Ӕнӕхуыцӕуттӕн се ’ппӕтӕн дӕр сӕ сыкъатӕ ныссӕдздзынӕн, рӕстгӕнджытӕн сӕ кад уыдзӕни бӕрзонд!»

© Bible Society in Russia, 2002, 2009, 2011-2015, 2018.

Bible Society in Russia
Lean sinn:



Sanasan