Псаломтӕ 67 - Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета1 Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн. Давиды псалом. Зарӕг. 2 Растӕд Хуыцау, Йӕ фыдгулты ныххӕлиу кӕнӕд, Йе сӕфт Дзы чи уыны, уыдон лидзӕг фӕуӕнт Йӕ цурӕй. 3 Фӕздӕг уӕлдӕфы куыд ӕрбайсӕфы, мыдадз арты куыд атайы, афтӕ ӕнӕхуыцӕуттӕ бабын уӕнт Хуыцауы раз! 4 Рӕстгӕнджытӕ та цин кӕнӕнт, райӕнт Хуыцауы раз. 5 Хуыцауы кадӕн зарут! Стаут ын Йӕ ном! Ӕврӕгътыл Чи рацӕуы, Уымӕн скад кӕнут! Йӕ ном — Дунедарӕг! Цинӕй райут Йӕ разы! 6 Сидзӕртӕн — сӕ фыд, сидзӕргӕстӕн сӕ сӕрылхӕцӕг — Хуыцау Йӕ уаз цӕрӕны. 7 Иунӕджытӕн Хуыцау бинонтӕ ратты, ахӕстыты суӕгъд кӕны сӕ рӕхыстӕй, змӕнтджытӕ та баззайынц хурсыгъд ӕдзӕрӕг быдыры. 8 О Хуыцау! Ды Дӕ адӕмы разӕй куы цыдтӕ, Ды куы цыдтӕ ӕдзӕрӕг быдырыл, 9 уӕд зӕхх ӕнкъуысти; Хуыцауы, Израилы Хуыцауы раз, къӕвда уарыди арвӕй. 10 О Хуыцау, Дӕ исбоныл-иу парахатӕй къӕвда ӕруагътай, ӕмӕ-иу фӕлмӕцыд адӕм сулӕфыдысты. 11 Уыцы зӕххыл ӕрцардысты Дӕ адӕм, ӕмӕ дзы Ды, Хуыцау, мӕгуырты барӕвдыдтай Дӕ бирӕ хӕрзтӕй. 12 Дунедарӕг загъта Йӕ ныхас, ӕмӕ Йын ӕй сылгоймӕгты ӕнӕнымӕц ӕфсад хъусын кӕндзӕни дунейыл. 13 Паддзӕхтӕ ӕмӕ се ’фсӕдтӕ лидзӕг фесты, хӕдзаргӕс сылгоймӕгтӕ та хъӕздыг ӕфтиаг уарынц. 14 Кӕд уӕ хӕдзӕртты арты фарсмӕ бадут, уӕддӕр тӕмӕн калдзыстут, йӕ базыртӕ ӕвзистау кӕмӕн ӕрттивынц, йӕ пакъуы та сыгъдӕг сыгъзӕринау кӕмӕн у, уыцы бӕлӕтты хуызӕн. 15 Ӕппӕтхъомыс а зӕххы паддзӕхты куы ныххӕлиу кодта, уӕд Цалмоны хохыл цыма мит ныууарыд. 16 О Хуыцауы хох, Башаны хох! О бӕрзонд хох, Башаны хох! 17 Бӕрзонд хӕхтӕ, хӕлӕггӕнгӕ цы ныккастыстут, Хуыцау Йӕхицӕн цӕрӕнуатӕн кӕй равзӕрста, Дунедарӕг мыггагмӕ кӕм цӕрдзӕн, уыцы хохмӕ? 18 Дӕсгай мин тохуӕрдӕттӕй рацӕуы Хуыцауы ӕфсад, Йӕхӕдӕг дӕр се ’хсӕн, афтӕмӕй. Дунедарӕг ӕрӕнцади Синайы хохыл — Йӕ Кувӕндоны. 19 Ды ссыдтӕ бӕрзӕндмӕ, уацайрӕгты райстай, ныронг хиваст чи уыд, уыдонӕн айстай сӕ хуынтӕ ӕмӕ уым ӕрбынат кодтай, о Дунедарӕг Хуыцау! 20 Бонӕй-бонмӕ арфӕгонд уӕд Дунедарӕг! Уый фӕрцы фӕразӕм мах нӕ уаргъ хӕссын. 21 Нӕ Хуыцау ирвӕзынгӕнӕг Хуыцау у. Дунедарӕг Хуыцау мах суанг мӕлӕты хъӕлӕсӕй дӕр фелвасдзӕн. 22 Хуыцау ныппырх кӕндзӕн Йӕ фыдгулты сӕртӕ, фыдракӕндтӕ кӕныныл чи фӕцалх ис, уыдоны ӕнӕлвыд тенкатӕ. 23 Дунедарӕг загъта: «Ӕз сӕ ӕрбаздахдзынӕн Башаны хохӕй, денджызы арфӕй сӕ фелвасдзынӕн, 24 ӕмӕ дӕ фыдгулты туджы аныгъуылдзысты дӕ къӕхтӕ, дӕ куыдз та сын ӕй сдӕрдзӕни». 25 О Хуыцау, Дӕ рацыд Дын фендзысты адӕм, Кувӕндонмӕ куыд цӕуы мӕ Хуыцау ӕмӕ мӕ Паддзах! 26 Разӕй цӕудзысты зарӕггӕнджытӕ, фӕстейы — хъисын фӕндыртӕй цӕгъдджытӕ, астӕуӕй та — чызджытӕ сӕ далатимӕ. 27 Уӕ бӕрӕгбӕтты заман-иу куы ӕрӕмбырд уат, уӕд иумӕ кад кӕнут Хуыцауӕн! Сыстаут Дунедарӕджы, Израилы байзӕддӕгтӕ! 28 Уӕ разамонджытӕ фыццаг рӕнхъы уыдзысты Бениамины чысыл байзӕддагӕй, уыдоны фӕстӕ — Иудӕйы байзӕддагӕй, уыдоны фӕстӕ — Зевулоны байзӕддагӕй, уыдоны фӕстӕ та — Неффалимы байзӕддагӕй. 29 Израилы адӕм, фидар лӕуут, уӕ Хуыцау уын куыд бафӕдзӕхста, афтӕ! О Хуыцау, мах сӕраппонд цы сарӕзтай, уый нын уагӕвӕрды хуызы сфидар кӕн! 30 Паддзӕхтӕ Дын Йерусалиммӕ, Дӕ Кувӕндонмӕ, ӕрбахӕсдзысты хъалон. 31 Ды-иу ӕрмахуыр скӕн, хъӕзы мидӕг цы сырд цӕры, уый, адӕмты уӕнгуыты ’хсӕн богъты рӕгъау ӕрсабыр кӕн. Уадз ӕрзоныг кӕной Дӕ разы ӕмӕ Дын се ’взист ӕрбахӕссой; ныххӕлиу кӕн хӕстӕргом адӕмы! 32 Мысырӕй ӕрхуы мигӕнӕнтӕ сласдзысты; эфиопӕгтӕ сӕ къухтӕ сиваздзысты Хуыцаумӕ. 33 А зӕххы паддзахӕдтӕ! Хуыцауы кадӕн зарут! Фӕндыртӕй цӕгъдут, 34 тъымы-тъымайӕ нырмӕ Йӕ цыд уӕлӕрвты Кӕмӕн у, Уымӕн! Хуыцауӕн райхъуысы Йӕ хъӕлӕс, Йӕ хъомысджын хъӕлӕс. 35 Сыстаут Хуыцауы! Израилы сӕрмӕ — Йе стырад, ӕврӕгътӕй нӕм разыны Йӕ хъомыс. 36 О Хуыцау, Ды тасы ӕфтауыс Дӕ Кувӕндоны! О, Израилы Хуыцау! Уый Йӕ адӕмӕн дӕтты хъомыс ӕмӕ ӕхсар. Арфӕгонд у Хуыцау! |
© Bible Society in Russia, 2002, 2009, 2011-2015, 2018.
Bible Society in Russia