Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Псаломтӕ 66 - Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

1 Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн. Хъисфӕндырты цагъдимӕ. Псалом. Зарӕг.

2 О Хуыцау, батӕригъӕд нын кӕн ӕмӕ нын арфӕ ракӕн. Дӕ рухс цӕстӕй нӕм ракӕс,

3 цӕмӕй зӕххы цъары ӕппӕт адӕмтӕн раргом уа Дӕ фӕндаг, Дӕ ирвӕзындзинад.

4 О Дунедарӕг, адӕмтӕ Дӕ стауӕнт, кад Дын кӕнӕнт ӕппӕт адӕмтӕ!

5 Дзыллӕтӕ цин кӕнӕнт ӕмӕ райӕнт: Ды адӕмтӕн кӕныс ӕнӕхӕрам тӕрхон, раст фӕндаг амоныс дзыллӕтӕн.

6 О Хуыцау, адӕмтӕ Дӕ стауӕнт, кад Дын кӕнӕнт ӕппӕт адӕмтӕ!

7 Зӕхх тыллӕг радта; Хуыцау нын арфӕ ракӕнӕд, нӕ Хуыцау.

8 Нӕ Хуыцау нын раарфӕ кӕнӕд. Йӕ разы адӕм ӕмризӕджы ризӕнт ӕгас зӕххы кӕрӕтты.

© Bible Society in Russia, 2002, 2009, 2011-2015, 2018.

Bible Society in Russia
Lean sinn:



Sanasan