Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Псаломтӕ 65 - Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

1 Сыстаут Дунедарӕджы, ӕппӕт зӕххон цӕрджытӕ!

2 Сыстаут Ын Йӕ ном, скад Ын кӕнут!

3 Зӕгъут Хуыцауӕн: «Куыд тӕссаг сты Дӕ хъуыддӕгтӕ! Дӕ хъомысы фӕрцы Де знӕгтӕ ӕрсӕтдзысты Дӕ разы.

4 Ӕппӕт зӕххон цӕрджытӕ ӕрзоныг кӕнӕнт Дӕ разы, зарӕнт Дӕ кадӕн, Дӕ номы кадӕн зарӕнт!»

5 Ӕркӕсут-ма, Хуыцау цы сарӕзта, уымӕ: Йӕ хъуыддӕгтӕ тасы ӕфтауынц адӕмы.

6 Уый денджыз фестын кодта сурзӕхх; цӕугӕдоны сӕрты фистӕгӕй цыдыстӕм ӕмӕ цин кодтам Йӕ разы!

7 Йӕ хъомысы фӕрцы паддзахиуӕг кӕндзӕн ӕнусмӕ; Уый ӕппӕт адӕмтӕм Йӕ цӕст дары, цӕмӕй змӕнтджытӕ ма сыстой.

8 Адӕмтӕ! Арфӕ ракӕнут нӕ Хуыцауӕн, скад Ын кӕнут хъӕрӕй!

9 Уый нын нӕ цард хъахъхъӕны ӕмӕ нӕ фӕцудын нӕ уадзы.

10 Фӕлвӕрдтай нӕ, Хуыцау, стайын нӕ кодтай ӕвзистау.

11 Ахсӕн хызы нӕ баппӕрстай, хъадамӕнтӕ ныл сӕвӕрдтай,

12 адӕймаджы дӕлбар нӕ бакодтай. Зындоны хъиамӕт бавзӕрстам мах, ӕмӕ нӕ Ды ракодтай сӕрибармӕ.

13 Дӕ Кувӕндонмӕ иууылсудзинӕгтӕ бахӕсдзынӕн, мӕ сомы сӕххӕст кӕндзынӕн Дӕ разы —

14 уынгӕг заман мӕ дзыхӕй чи рацыди, уый.

15 Иууылсудзинаг нывӕндтӕ Дын ӕрхӕсдзынӕн, хӕрзхаст фысты фиу Дын ссудздзынӕн, галтӕ ӕмӕ сӕгътӕ Дын ӕрхӕсдзынӕн нывондӕн.

16 Хуыцауӕй чи тӕрсы, уыдон ӕрбацӕуӕнт ӕмӕ байхъусӕнт: цы мын сарӕзта, уый уын дзурдзынӕн.

17 Скуывтон Ӕм, скад Ын кодтон мӕ дзыхы дзырдӕй.

18 Мӕ зӕрдӕйы хӕрамӕй исты куы уыдаид, уӕд мын Бардарӕг мӕ куывд нӕ айстаид.

19 Фӕлӕ мӕ фехъуыста Хуыцау, мӕ куывд мын айста.

20 Арфӕгонд у, мӕ куывдыл мын Йӕхи Чи нӕ атигъ кодта, Йӕ хорзӕхӕй мӕ Чи схайджын кодта, уыцы Хуыцау.

© Bible Society in Russia, 2002, 2009, 2011-2015, 2018.

Bible Society in Russia
Lean sinn:



Sanasan