Псаломтӕ 62 - Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета1 Давиды псалом. Иудейы ӕдзӕрӕг быдыры куы уыди, уӕд. 2 О Хуыцау! Ды мӕ Хуыцау дӕ, сӕумӕйӕ Дӕм тырнын. Дӕумӕ бӕллы мӕ уд, ӕнӕдон, хус ӕдзӕрӕг быдыры, Дӕу мысгӕйӕ, ӕз баруайын. 3 Раргом мӕм дӕ Кувӕндоны, федтон Дын Дӕ кад ӕмӕ Дӕ хъару. 4 Дӕ хорзӕх мын цардӕй у зынаргъдӕр, ӕмӕ Дӕ стаудзынӕн. 5 Цӕрӕнбонты Дын арфӕ кӕндзынӕн, хӕрдмӕ мӕ къухтӕ сдардзынӕн Дӕ номыл. 6 Мӕ уд цыма сойӕфсӕст у, уыйау райгӕйӕ Дӕ стауы ме ’взаг. 7 Мӕ хуыссӕны дӕр Дӕ ӕрымысын, ӕхсӕвыгон дӕр Демӕ сты мӕ хъуыдытӕ. 8 Уымӕн ӕмӕ Ды — мӕ сӕрылхӕцӕг, Дӕ базыры бын цин кӕнын. 9 Дӕуыл ӕнцайы мӕ уд, Дӕ рахиз къух мӕ хъахъхъӕны. 10 Ме сӕфтмӕ чи бӕллы, уыдон авд дӕлдзӕхы ныххауӕнт; 11 кардылӕфтыд фӕуӕнт, хъӕддаг куыйтӕ сӕ бахӕрӕнт! 12 Паддзах та цин кӕндзӕни Хуыцауыл. Хуыцауӕй сомыгӕнджытӕ райдзысты, фӕливджытӕ та багомыг уыдзысты. |
© Bible Society in Russia, 2002, 2009, 2011-2015, 2018.
Bible Society in Russia