Псаломтӕ 60 - Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета1 Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн. Хъисфӕндырты цагъдимӕ. Давиды псалом. 2 О Хуыцау, фехъус мын ме ’рдиаг! Айс мын мӕ куывд! 3 Зӕххы кӕронӕй Дӕм ӕрхӕндӕг зӕрдӕйӕ дзыназын. Къӕдзӕхы сӕрмӕ мӕ сис — мӕхи бон нӕу уырдӕм схизын. 4 Ды — ме ’мбӕхсӕн, мӕ фидар мӕсыг знӕгты ныхмӕ. 5 Уадз, ӕнусмӕ Дӕ цатыры ’рцӕрон, Дӕ базыры бын ссарон ӕнцой. 6 О Хуыцау, фехъуыстай мын мӕ сомытӕ, чи Дӕ тӕрсы, уыдонимӕ мын исбон радтай. 7 Паддзахӕн бирӕ цӕрӕнбон ратт, фӕлтӕрӕй фӕлтӕрмӕ куыд фӕцӕра, афтӕ; 8 мыггагмӕ Хуыцауы раз паддзахиуӕг куыд кӕна, уырнындзинад ӕмӕ рӕстдзинад ӕй куыд хъахъхъӕной. 9 Дӕ номы кадӕн зардзынӕн мыггагмӕ, мӕ сомытӕ ’ххӕст кӕндзынӕн ӕрвылбон. |
© Bible Society in Russia, 2002, 2009, 2011-2015, 2018.
Bible Society in Russia