Псаломтӕ 6 - Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета1 Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн: хъисфӕндырты цагъдимӕ; ныллӕг хъӕлӕсӕй. Давиды псалом. 2 Курын Дӕ, о Дунедарӕг, Дӕ маст куы судза, уӕд мыл Дӕ азар ма ныххуырс! Фыр мӕстӕй цӕхӕртӕ куы калай, уӕд-иу мӕ ма бафхӕр карзӕй! 3 Батӕригъӕд кӕн, Дунедарӕг, уымӕн ӕмӕ ӕнӕбон дӕн. Сдзӕбӕх мӕ кӕн, Дунедарӕг, — ме стджыты онг баризы мӕ буар, 4 мӕ уд хъизӕмар кӕны. О Дунедарӕг, кӕдмӕ уыдзӕни афтӕ? 5 Раздах мӕм Де ’ргом, Дунедарӕг, бахиз мӕ мӕлӕтӕй! Дӕ хорзӕх мӕ кӕй ис, уый фӕрцы мӕ фервӕзын кӕн! 6 Чи амӕла, уый Дӕ нал ӕрымысдзӕн. Мӕрдтыбӕсты Дӕ чи сыстаудзӕн? 7 Бафӕлладтӕн мӕ хъӕрзынӕй, ӕрвылӕхсӕв мӕ сынтӕджы калын мӕ цӕссыг, цӕстысыгӕй мӕ хуыссӕнуат ныхсын. 8 Мӕ цӕстыты рухс ахуыссыди мастӕй, ме знӕгты фыдӕй рӕстмӕ уынгӕ дӕр нал кӕнын. 9 Фесӕфут мӕ разӕй, фыдгӕнджытӕ, — Дунедарӕг мын фехъуыста мӕ дзыназын! 10 Дунедарӕг мын фехъуыста мӕ курдиат, Дунедарӕг мын айсдзӕни мӕ куывд! 11 Ме знӕгтӕ фӕхудинаг уыдзысты, састы бынаты баззайдзысты, лидзӕг фӕуыдзысты ӕгадӕй. |
© Bible Society in Russia, 2002, 2009, 2011-2015, 2018.
Bible Society in Russia