Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Псаломтӕ 57 - Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

1 Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн. «Ма мӕ фесаф»-ы зӕлтӕм гӕсгӕ. Давиды куывд.

2 Уӕ уынаффӕтӕ уӕм раст кӕсынц, тӕрхонгӕнджытӕ? Раст тӕрхон хӕссут адӕмӕн?

3 Уӕ мидзӕрдӕйы фыдвӕндтӕ нывӕндут, зӕххыл уӕ къухтӕ аразынц тыхми.

4 Ӕнӕхуыцӕуттӕ сӕ райгуырдӕй фӕстӕмӕ галиу фӕндагыл лӕууынц, сӕ райгуырынӕй адзӕгъӕл сты, сайынц.

5-6 Сӕ марг у калмы марг, сӕхӕдӕг та, йӕхи чи ныкъкъуырма кӕны, кӕлӕнгӕнӕджы хъӕлӕс ма фехъусон, зӕгъгӕ, уыцы маргджын калмау.

7 О Хуыцау, сӕ дӕндӕгтӕ сын базгъал! О Дунедарӕг, домбӕйттӕн се ’фсӕртӕ ныппырх кӕн!

8 Фесӕфӕнт зӕххы ахъарӕг донау! Се ’рдынбостӕ куы айвазой, уӕд сӕ фӕттӕ асӕттӕнт!

9 Фесӕфӕнт йӕ хъузгӕй ралӕсӕг сӕтӕлӕгау! Боны рухс ма фенӕнт ӕфтыддагау!

10 Цы сыл ӕрбамбӕлд, уый ӕмбаргӕ дӕр нӕма бакӕндзысты, афтӕмӕй фӕцыдӕр уыдзысты, карз уад куы рацӕуы, уӕд какон сындзытӕ, ичъи ӕмӕ амахос, цъӕхӕй, хусӕй, куыд фӕцыдӕр вӕййынц, афтӕ.

11 Рӕстудтӕ цинӕй райдзысты, Хуыцау ын ӕнӕхуыцӕуттӕй йӕ маст куыд райста, уый фенгӕйӕ, ӕмӕ йӕ къӕхтӕ ӕнӕхуыцӕутты туджы ӕрӕхсдзӕн.

12 Адӕм зӕгъдзысты: «Рӕстуд йӕ хӕрзиуӕджы хай райста! Ӕцӕгдӕр ис Хуыцау, зӕххыл тӕрхон Чи кӕны, Уый!»

© Bible Society in Russia, 2002, 2009, 2011-2015, 2018.

Bible Society in Russia
Lean sinn:



Sanasan