Псаломтӕ 54 - Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета1 Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн. Хъисфӕндырты цагъдимӕ. Давиды зондамонӕн псалом. 2 О Хуыцау, фехъус мын мӕ куывд, мӕ лӕгъстӕйыл мын Дӕхи ма атигъ кӕн! 3 О, фехъус мӕ ӕмӕ мын дзуапп ратт! Хъӕрзын мӕ мастӕй, катайы бацыдтӕн, 4 уымӕн ӕмӕ знаджы хъӕлӕс хъусын. Мӕ фыдгултӕ мӕ ссӕндынц, мӕнг даутӕ мыл ӕххуырсынц. Мӕстӕй судзгӕйӕ, тох кӕнынц мӕ ныхмӕ. 5 Мӕ зӕрдӕ сӕнкъуысы мӕ мидӕг, мӕлӕтдзаг тасӕй уадзыгау фӕдӕн. 6 Фыр тӕссӕй ӕмризӕджы ризын, фыд азар мӕ ӕрбалвӕста. 7 Ӕз загътон: «Тӕхуды ӕмӕ мын исчи бӕлоны базыртӕ куы раттид, ӕз атӕхин ӕмӕ ӕнцой ссарин. 8 Дард фӕтӕхин, ӕдзӕрӕг быдыры ӕрцӕрин, 9 ӕвӕстиатӕй бамбӕхсин мӕхи тыхдымгӕ ӕмӕ уадӕй». 10 О Дунедарӕг, схъомпал сӕ кӕн, сӕ ныхас кӕрӕдзиуыл куыннӕуал бада, — ӕз сахары уынын хъаугъатӕ ӕмӕ тыхми. 11 Ӕхсӕвӕй-бонӕй зилдух кӕнынц сахары систыл, йӕ мидӕг та — фыдракӕндтӕ, бӕллӕхтӕ. 12 Сахар цӕуы сӕфтмӕ, йӕ уынгты ’рцардысты фӕлывд ӕмӕ мӕнгарддзинад. 13 Знаг нӕ кӕны мӕ фыдгой — ӕз уымӕн бафӕразин. Йе сӕфт мӕ чи уыны, уый мӕм нӕ кӕсы былысчъилӕй — мӕхи дзы иуварс аласин. 14 Фӕлӕ ды, мӕхицӕн ӕрдхорд кӕмӕй загътон, ӕмбалыл ӕмӕ уарзон хӕларыл кӕй нымадтон! 15 Иумӕ-иу зӕрдӕбын ныхас кодтам, Хуыцауы хӕдзармӕ дӕр иумӕ цыдыстӕм. 16 Сӕ мӕлӕт ссарӕнт, цӕрдудӕй мӕрдтыбӕстӕм ныххизӕнт, уымӕн ӕмӕ сӕ хӕдзӕртты ӕрцарди фыддзинад! 17 Ӕз та сдзынӕзтон Хуыцаумӕ, ӕмӕ мӕ Дунедарӕг фервӕзын кӕндзӕн. 18 Изӕрӕй уа, райсомӕй ӕви ӕмбисбон — дзыназдзынӕн ӕмӕ лӕгъстӕ кӕндзынӕн, ӕмӕ мын Уый фехъусдзӕни мӕ хъӕлӕс. 19 Мӕ ныхмӕ хӕст чи расидти, уыдон цыфӕнды бирӕ куы уой, уӕддӕр мӕ Уый сӕрӕгасӕй ныууадздзӕн. 20 Йӕ паддзахдзинад ӕнусон Кӕмӕн у, Уыцы Хуыцау мын мӕ куывд фехъусдзӕн ӕмӕ сӕ басӕтдзӕн, уымӕн ӕмӕ, цы уыдысты, уымӕй баззадысты, нӕ тӕрсынц Хуыцауӕй. 21 Семӕ хӕларӕй чи цӕры, уыдонмӕ сӕ къух систой, сӕ фидыд фехӕлдтой. 22 Сӕ ныхас — сойӕ лӕгъздӕр, сӕ зӕрдӕйы та — хӕст. Сӕ ныхӕстӕ — оливӕйы сойӕ фӕлмӕндӕр, афтӕмӕй сын ӕлвӕст кардӕй уӕлдай не сты. 23 Дунедарӕгыл бафӕдзӕхс дӕхи, ӕмӕ дын Уый ахъаз бакӕндзӕн, раст адӕймаджы мыггагмӕ дӕр фӕцудын нӕ бауадздзӕн. 24 О Хуыцау, Ды уыдоны сӕрсӕфӕнмӕ фехсдзынӕ; тугцъиртӕ ӕмӕ мӕнгӕрдтӕ сӕ царды ӕмбис дӕр нӕ фӕцӕрдзысты. Ӕз та мӕ зӕрдӕ дарын Дӕуыл. |
© Bible Society in Russia, 2002, 2009, 2011-2015, 2018.
Bible Society in Russia