Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Псаломтӕ 53 - Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

1 Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн. Хъисфӕндырты цагъдимӕ. Давиды зондамонӕн псалом,

2 зифӕгтӕ Саулмӕ куы ссыдысты ӕмӕ Давиды, йӕхи нӕ бӕстӕйы ӕмбӕхсы, зӕгъгӕ, куы банымыгътой, уӕд.

3 О Хуыцау, фервӕзын мӕ кӕн Дӕ номы руаджы, Дӕ хъаруйы фӕрцы мын равзар мӕ хъаст.

4 О Хуыцау, фехъус мын мӕ куывд, Дӕ хъус ӕрдар мӕ дзыхы ныхасмӕ.

5 Ӕцӕгӕлӕттӕ сыстадысты мӕ ныхмӕ, ӕгъатыртӕ мӕ хъавынц амарынмӕ, Хуыцауы дӕр ницӕмӕуал дарынц.

6 Фӕлӕ мӕнӕн Хуыцау ӕххуыс кӕны, Дунедарӕг мӕ удылхӕцӕг у,

7 мӕ фыдгулты бафхӕрдзӕн сӕ фыдракӕндты аххосӕй. Дӕ иузӕрдиондзинад равдис: фесаф сӕ!

8 Дунедарӕг, ӕз Дын нывонд ӕрхӕсдзынӕн зӕрдиагӕй, Дӕ фарнхӕссӕг ном Дын стаудзынӕн.

9 Уымӕн ӕмӕ мӕ Ды бахызтай алы фыдбылызӕй, ӕмӕ ныр уӕлахизӕй кӕсын мӕ фыдгултӕм.

© Bible Society in Russia, 2002, 2009, 2011-2015, 2018.

Bible Society in Russia
Lean sinn:



Sanasan