Псаломтӕ 52 - Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета1 Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн. «Махалат»-ы зӕлтӕм гӕсгӕ. Давиды зондамонӕн псалом. 2 Ӕнӕзонд дзуры йӕ мидзӕрдӕйы: «Хуыцау нӕй». Адӕм фехӕлдысты, ӕбуалгъ митыл бафтыдысты; хорз хъуыддаг аразӕг нал ис. 3 Хуыцау уӕларвӕй фӕлгӕсы адӕммӕ, кӕсы: цымӕ се ’хсӕн, Хуыцауы чи агуры, ахӕм иу ӕмбаргӕ адӕймаг ис? 4 Се ’ппӕт дӕр адзӕгъӕл сты, фехӕлдысты се ’ппӕт дӕр; хорздзинад ничиуал кӕны, иунӕг адӕймаг дӕр. 5 «Ау, не ’рӕмбардзысты фыдгӕнджытӕ, мӕ адӕмы мын дзулы хӕрд чи кӕны ӕмӕ Хуыцауы чи нӕ агуры, уыдон?» 6 Ӕппындӕр сын тас кӕм ницӕмӕй уыд, уым сыл ӕвиппайды ӕвирхъау тас ӕртыхсдзӕн. Хуыцау дын де знӕгты стджытӕ ныххӕлиу кӕндзӕн, фӕхудинаг сӕ кӕндзынӕ, уымӕн ӕмӕ сыл Хуыцау атигъ кӕндзӕн Йӕхи. 7 Тӕхуды ӕмӕ Израилӕн Сионӕй ирвӕзындзинад лӕвӕрд куы ’рцӕуид! Хуыцау Йӕ адӕмы уацарӕй куы раздаха, уӕд Йаков ныццин кӕндзӕни ӕмӕ Израил райдзӕни. |
© Bible Society in Russia, 2002, 2009, 2011-2015, 2018.
Bible Society in Russia