Псаломтӕ 42 - Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета1 О Хуыцау, тӕрхонгӕнӕг мын фӕу, фыдзӕрдӕ адӕмимӕ быцӕуы мӕ фарсмӕ ’рбалӕуу, мӕнгард, ӕнӕраст адӕмӕй мӕ бахиз. 2 Ды — мӕ Хуыцау ӕмӕ мӕ хъару. Цӕмӕн мӕ ныууагътай? Цӕмӕн згъалын мӕ цӕссыг ме знаджы ӕфхӕрдӕй? 3 Дӕ рухс ӕмӕ Де ’цӕгад мын рарвит, уыдон мӕ ахонӕнт Дӕ уаз хохмӕ, Дӕ цӕрӕнмӕ. 4 Ӕз бацӕудзынӕн Хуыцауы нывондхӕссӕнмӕ, Хуыцаумӕ — мӕ циндзинады суадонмӕ, стаудзынӕн Дӕ хъисфӕндыры цагъдӕй, о Хуыцау, мӕ Хуыцау! 5 Мӕ уд, уӕдӕ цы ныхъхъуыстай дӕхимӕ? Цӕуыл у дӕ сагъӕс? Дӕ Хуыцауыл дӕ зӕрдӕ дар: ӕз Ӕй нырма стаудзынӕн — мӕ Ирвӕзынгӕнӕджы, мӕ Хуыцауы. |
© Bible Society in Russia, 2002, 2009, 2011-2015, 2018.
Bible Society in Russia