Псаломтӕ 41 - Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета1 Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн. Корахы фыртты зондамонӕн псалом. 2 Саг суадонмӕ куыд фӕтырны, афтӕ мӕ уд тырны Дӕумӕ, Хуыцау! 3 Мӕ уд бӕллы Хуыцаумӕ, цардӕгас Хуыцаумӕ! Кӕд бацӕудзынӕн ӕмӕ Хуыцауы раз кӕд ӕрлӕудзынӕн? 4 Мӕ цӕссыгтӕй ӕхсӕвӕй-бонӕй цӕхсын мӕхи, ӕрвылбон хъусын: «Кӕм ис дӕ Хуыцау?» 5 Мӕ зӕрдӕйы тугтӕ ныккӕлынц, уый куы ӕрымысын, уӕд: ӕз-иу цины хъӕртимӕ, Хуыцауы стаугӕйӕ, бӕрӕгбонхуыз дзыллӕимӕ цыдтӕн Хуыцауы хӕдзармӕ. 6 Мӕ уд, цы ныхъхъуыстай дӕхимӕ, цӕуыл у дӕ сагъӕс? Хуыцауыл дӕ зӕрдӕ дар: ӕз Ӕй нырма стаудзынӕн — мӕ Ирвӕзынгӕнӕджы, мӕ Хуыцауы. 7 Мӕ уд хъынцъым кӕны мӕ мидӕг, ӕмӕ Дӕ мысын Иорданы зӕххыл, Ермоны хӕхбӕсты, Мицары хохыл. 8 Хуыдым сиды хуыдыммӕ Де ’хсӕрдзӕнты хъӕлӕсӕй; Дӕ дӕттӕ ӕмӕ Дӕ уылӕнтӕ акалдысты мӕ сӕрты. 9 Дунедарӕг мын боныгон равдисы Йӕ хорзӕх, ӕмӕ ме ’хсӕвы зарӕг вӕййы Ууыл — мӕ царддӕттӕг Хуыцауыл. 10 Ӕз зӕгъдзынӕн Хуыцауӕн, мӕ Къӕдзӕхӕн: «Цӕмӕн мӕ ферох кодтай? Цӕмӕн мӕ уадзыс ме знагӕн ӕфхӕрын, кӕугӕйӕ цӕмӕн ӕрвитын мӕ бонтӕ?» 11 Уӕнгсастау дӕн, ӕмӕ мыл мӕ фыдгултӕ худынц: «Кӕм ис дӕ Хуыцау?» 12 Мӕ уд, цы ныхъхъуыстай дӕхимӕ, цӕуыл у дӕ сагъӕс? Хуыцауыл дӕ зӕрдӕ дар: ӕз Ӕй нырма стаудзынӕн — мӕ Ирвӕзынгӕнӕджы, мӕ Хуыцауы. |
© Bible Society in Russia, 2002, 2009, 2011-2015, 2018.
Bible Society in Russia