Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Псаломтӕ 4 - Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

1 Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн: хъисфӕндырты цагъдимӕ. Давиды псалом.

2 О Хуыцау, фехъус мын мӕ хъӕр! Ӕрмӕстдӕр мӕ Ды сраст кӕндзынӕ! Ды-иу мӕ фервӕзын кодтай уынгӕджы заман. Батӕригъӕд кӕн ӕмӕ мын айс мӕ куывд!

3 О адӕм, кӕдмӕ калдзыстут цъыф мӕ номыл? Кӕдмӕ уын уыдзысты адджын мӕнг хъуыддӕгтӕ ӕмӕ фӕливӕнтӕ?

4 Уый зонут, ӕмӕ Дунедарӕг фӕхъулон кӕны, ӕнувыд Ыл чи у, уыдоны. Ӕз Дунедарӕгмӕ куы скувын, уӕд мӕ Уый фехъусы!

5 Уӕ масты фӕдыл цӕугӕйӕ, тӕригъӕд ма исут уӕхимӕ; уӕ хуыссӕнуаты ахъуыды кӕнут ӕмӕ ӕрсабыр ут.

6 Нывӕндтӕ хӕссут, куыд ӕмбӕлы, афтӕ ӕмӕ Дунедарӕгыл уӕ зӕрдӕ дарут.

7 Бирӕтӕн сӕ ныхас уый у: «Чи нын цы ракӕндзӕн хорзӕй?» Дунедарӕг, Дӕ цӕсгомы рухс нӕм равдис!

8 Ды мӕ зӕрдӕйы ахӕм цин бауагътай, йӕ хор ӕмӕ йӕ сӕнӕн, ныккӕнӕн дӕр кӕмӕн нӕй, уыдоны цинӕй фылдӕр чи у!

9 Ӕнцад-ӕнцойӕ ӕрхуыссын ӕз ӕмӕ бафынӕй вӕййын, уымӕн ӕмӕ, о Дунедарӕг, ӕрмӕстдӕр дӕ фӕрцы дӕн ӕдас!

© Bible Society in Russia, 2002, 2009, 2011-2015, 2018.

Bible Society in Russia
Lean sinn:



Sanasan