Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Псаломтӕ 39 - Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

1 Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн. Давиды псалом.

2 Фидарӕй мӕ зӕрдӕ дардтон Дунедарӕгыл, ӕмӕ мӕм Уый ӕркасти, фехъуыста мын мӕ дзыназын.

3 Мӕлӕты хъоргъӕй мӕ фервӕзын кодта, цъымарайы астӕуӕй мӕ сласта; сӕргъӕвта мӕ айнӕджы фахсмӕ, мӕ къӕхтыл мӕ фидар слӕууын кодта.

4 Мӕ комы мын бавӕрдта ног зарӕг — кады зарӕг нӕ Хуыцауӕн. Уый фенгӕйӕ, бирӕты тас бацӕудзӕн, ӕмӕ Дунедарӕгӕй ныфс ӕвӕрдзысты.

5 Тӕхудиаг у уыцы адӕймаг, йӕ зӕрдӕ Дунедарӕгыл чи дары, сӕрыстыртӕй ӕмӕ фӕлитойтӕй йӕхи чи хизы!

6 Дунедарӕг, мӕ Хуыцау! Кӕуылты сты дӕ диссӕгтӕ, нӕ сӕраппонд цы фӕндтӕ нывӕндыс, уыдон! Дӕуӕн ӕмбал кӕм ис? Дӕ диссӕгты кой Дын ракӕнин, фӕлӕ сӕ ӕз кӕд фӕуыдзынӕн нымад?

7 Дӕуӕн нывӕндтӕ ӕмӕ хуынтӕ фӕндон нӕ уыдысты, иууылсудзинӕгтӕ ӕмӕ тӕригъӕды нывӕндтӕ нӕ бацагуырдтай — мӕ хъустӕ мын байгом кодтай хъусынӕн.

8 Уӕд ӕз загътон: «Мӕнӕ дӕн, ӕрбацыдтӕн. Мӕн тыххӕй фыст ис Уаз Чиныджы.

9 Мӕ Хуыцау! Мӕн фӕнды сӕххӕст кӕнын Дӕ фӕндон, Де ’Гъдау мӕ зӕрдӕйы ис».

10 Ӕз Дын раргом кодтон Дӕ рӕстад, мӕ дзыхыл нӕ ныххӕцыдтӕн Стыр ӕмбырды — о Дунедарӕг, зоныс ӕй Дӕхӕдӕг!

11 Дӕ рӕстдзинад нӕ бамбӕхстон мӕ зӕрдӕйы арфы; иузӕрдион ирвӕзынгӕнӕг кӕй дӕ, уый фехъусын кодтон. Нӕ басусӕг кодтон Стыр ӕмбырды Дӕ хорзӕх ӕмӕ Де ’цӕгад.

12 Дунедарӕг, Дӕ хорзӕхӕй мӕ ӕнӕ хай ма фӕкӕн! Дӕ хорзӕх ӕмӕ Де ’цӕгад иудадзыг хъахъхъӕнӕнт мӕн!

13 Фыдбылызтӕ мыл ӕнӕнымӕцӕй ӕртыхстысты, мӕ тӕригъӕдтӕ мӕ баййӕфтой ӕмӕ мын сӕхгӕдтой мӕ цӕсты рухс: мӕ сӕрыхъуынтӕй фӕфылдӕр сты, мӕ ныфс фесӕфти.

14 Дунедарӕг, Дӕ хорзӕхы аккаг мӕ скӕн, сӕфын мӕ ма бауадз! О Дунедарӕг, ратындз мӕм ӕххуысмӕ!

15 Фегад ӕмӕ фӕхудинаг уӕнт, мӕн амарынмӕ чи хъавы, уыдон! Ӕгадӕй лидзӕг фӕуӕнт ме сӕфтмӕ бӕлджытӕ!

16 Уӕртӕ ис, уӕртӕ, зӕгъгӕ, мӕныл йӕхи худӕгӕй чи хаста, уыдон фӕхудинаг уӕнт!

17 Дӕумӕ чи тырны, уыдон та райӕнт ӕмӕ цин кӕнӕнт! Дӕ ирвӕзындзинадӕн аргъ чи кӕны, уыдон ӕдзухдӕр дзурӕнт: «Кадджын у Дунедарӕг!»

18 Мӕгуыр ӕмӕ гӕвзыкк дӕн ӕз, фӕлӕ мӕ Дунедарӕг нӕ рох кӕны! Ды — ме ’ххуысгӕнӕг, мӕ ирвӕзынгӕнӕг! Фӕстиат ма фӕкӕн, мӕ Хуыцау!

© Bible Society in Russia, 2002, 2009, 2011-2015, 2018.

Bible Society in Russia
Lean sinn:



Sanasan