Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Псаломтӕ 37 - Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

1 Давиды псалом. Зӕрдыл дарынӕн.

2 Дунедарӕг, тызмӕгӕй мын ма уайдзӕф кӕн, Дӕ карзӕй мӕ ма ’фхӕр.

3 Дӕ фӕттӕ нынныхстысты мӕ буары, ӕруӕз мыл кодта Дӕ къух.

4 Дӕ азарӕй мӕ буарыл ӕгас бынат нал баззад; мӕ тӕригъӕдты фыдӕй ме стджыты рыст нал ӕнцайы.

5 Мӕ тӕригъӕдты аныгъуылдтӕн, сӕ уаргъ сын хӕссын нал фӕразын.

6 Ме ’нӕзонды аххосӕй сысмаг сты, хӕф кӕнынц мӕ цӕфтӕ.

7 Ныггуыбыр дӕн, ӕрлӕмӕгъ дӕн бынтондӕр, хъынцъымгӕнгӕйӕ арвитын мӕ бон.

8 Мӕ фӕрстӕ низӕй судзынц, ӕгас бынат нал ис мӕ буары.

9 Бастадтӕн, басасти мӕ хъару, зӕрдӕрыстӕй ныхъхъӕр кӕнын.

10 О Дунедарӕг, зоныс мын мӕ бӕллицтӕ, мӕ иу сулӕфт дӕр сусӕг нӕу Дӕуӕй.

11 Мӕ зӕрдӕ ризы, батади мӕ хъару, мӕ цӕсты рухс мынӕг кӕны.

12 Мӕ хӕлӕрттӕ ӕмӕ мӕ лымӕнтӕ иуварс лидзынц мӕ низӕй, мӕ хиуӕттӕ мӕм нал цӕуынц хӕстӕг.

13 Мӕн амарынмӕ чи бӕллы, уыдон мын ахсӕн хызтӕ сӕвӕрдтой. Ме сӕфтмӕ бӕллынц ӕмӕ мӕ ’лгъитынц, бон-изӕрмӕ сау фӕндтӕ нывӕндынц.

14 Фӕлӕ ӕз ницы хъусын, къуырмайау, фӕлӕ ӕз ницы дзурын гобийау.

15 Хъусӕй чи нӕ хъусы ӕмӕ дзуапп раттын чи нӕ фӕразы, уый хуызӕн сдӕн.

16 Уымӕн ӕмӕ, Дунедарӕг, Дӕуыл дарын мӕ зӕрдӕ; Дунедарӕг, мӕ Хуыцау, Ды мын дзуапп ратдзынӕ ӕнӕмӕнг.

17 Кувын ӕз: «Куы фӕцудон, мыййаг, уӕд мыл мӕ фыдгултӕ ма ферайӕнт, сӕрбӕрзондӕй мыл ма худӕнт».

18 Ӕрхауынӕввонг дӕн, мӕ рыст мӕ уӕгъд нӕ уадзы.

19 Мӕ азымыл сӕттын, мӕ тӕригъӕдыл фӕсмонӕй мӕлын.

20 Мӕ фыдгултӕ та фидар кӕнынц сӕ царды, ӕнӕ ’фсонӕй ӕнӕуынон кӕмӕн дӕн, уыдон сбирӕ сты.

21 Мӕ хорз мын фидынц ӕвзӕрӕй, хорздзинад ракӕнынмӕ кӕй бӕллын, уымӕн.

22 О Дунедарӕг, мӕ Хуыцау, ма мӕ ныууадз, ма адард у мӕнӕй!

23 Фӕтагъд мӕм кӕн ӕххуысмӕ, о, мӕ Дунедарӕг, мӕ Ирвӕзынгӕнӕг!

© Bible Society in Russia, 2002, 2009, 2011-2015, 2018.

Bible Society in Russia
Lean sinn:



Sanasan