Псаломтӕ 32 - Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета1 Цин кӕнут Дунедарӕгыл, рӕстудтӕ: Дунедарӕджы стауын фидауы рӕстудыл. 2 Стаут Дунедарӕджы дыууадӕстӕноны зӕлтӕй, ӕрцӕгъдут Ын дӕстӕнонтыл. 3 Зарут Ын ног зарӕг, дӕсны йын ӕрцӕгъдут цины хъӕртимӕ. 4 Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕджы ныхас ӕцӕг у, Йӕ хъуыддӕгтӕ иууылдӕр — раст. 5 Рӕстдзинад ӕмӕ раст тӕрхон Ын ӕхцон сты, Йӕ хорзӕхӕй йемыдзаг у зӕхх. 6 Дунедарӕджы ныхасӕй фӕзындысты уӕлӕрвтӕ, Йӕ комытӕфӕй — стъалыты ӕфсад. 7 Уый денджызы дӕттӕ ’рбамбырд кодта лалымау, ӕнӕбын хуыдымты бафснайдта дон. 8 Ӕгас зӕхх тӕрсӕд Дунедарӕгӕй, дун-дуне ӕмхуызонӕй ризӕд Йӕ разы. 9 Уымӕн ӕмӕ Уый загъта — ӕмӕ сӕххӕст ис; Уый бардзырд радта — ӕмӕ сси афтӕ. 10 Дунедарӕг фехалы адӕмты уынаффӕтӕ, сӕ фӕндтӕ сын ӕрбайсафы. 11 Дунедарӕджы уынаффӕ та — ӕнустӕм, Йӕ зӕрдӕйы фӕндон — фӕлтӕрӕй фӕлтӕрмӕ. 12 Тӕхудиаг сты уыцы адӕм, Дунедарӕг сӕ Хуыцау кӕмӕн у, Уый Йӕхицӕн исбонӕн кӕй равзӕрста. 13 Дунедарӕг уӕлӕрвтӕй кӕсы дӕлӕмӕ ӕмӕ алы адӕймаджы дӕр уыны. 14 Йӕ паддзахы бадӕнӕй фӕлгӕсы ӕппӕт зӕххон адӕммӕ. 15 Се ’ппӕты зӕрдӕтӕ дӕр Уый сфӕлдыста ӕмӕ алкӕмӕн дӕр зоны йӕ хъуыддӕгтӕ. 16 Паддзахы йе стыр ӕфсад нӕ фервӕзын кӕндзӕн, гуыппырсары нӕ бахъахъхъӕндзӕн йӕ хъомыс. 17 Бӕхыл зӕрдӕ дарӕн нӕй — хъару йӕм нӕй фервӕзын кӕнынӕн. 18 Дунедарӕг уыны, чи Дзы тӕрсы ӕмӕ Йӕ хорзӕхыл йӕ зӕрдӕ чи дары, уыдоны. 19 Уый сӕ фервӕзын кӕндзӕн мӕлӕтӕй, стонг заманы сӕ бафсаддзӕн. 20 Дунедарӕг — нӕ зӕрдӕдарӕн, Уый у махӕн ӕххуыс ӕмӕ уарт. 21 Цин кӕнӕм Дунедарӕгыл, нӕ ныфсы мӕсыг — Йӕ уаз ном. 22 О Дунедарӕг, нӕ зӕрдӕ дыл дарӕм, ӕмӕ нӕ Дӕ хорзӕх уӕд. |
© Bible Society in Russia, 2002, 2009, 2011-2015, 2018.
Bible Society in Russia