Псаломтӕ 3 - Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета1 Давиды псалом, йӕ фырт Авессаломӕй куы лыгъди, уӕд. 2 О Дунедарӕг, мӕнӕ куыд бирӕ сты ме знӕгтӕ! Бирӕтӕ сыстадысты мӕ ныхмӕ! 3 Бирӕтӕ дзурынц мӕнӕй: «Хуыцау ӕй нӕ фервӕзын кӕндзӕн!» 4 Фӕлӕ Ды, Дунедарӕг, мӕнӕн мӕ уарт ӕмӕ мӕ кад дӕ, мӕ сӕр мын ӕгадмӕ нӕ уадзыс. 5 Дунедарӕгмӕ фӕдисхъӕр ныккӕндзынӕн, ӕмӕ мын Уый дзуапп ратдзӕни Йӕ уаз хохӕй. 6 Схуыссын, бафынӕй вӕййын ӕмӕ сыстын — Дунедарӕг мын хъару ратты. 7 Нӕ тӕрсын, чи мыл ӕртыхсти, уыцы адӕмы ӕрдонгтӕй. 8 Рахӕц мӕ сӕрыл, Дунедарӕг! Фервӕзын мӕ кӕн, мӕ Хуыцау! Мӕ фыдгултӕн се ’фсӕртӕ ныссӕтт, базгъал фыдгӕнджытӕн сӕ дӕндӕгтӕ! 9 Ирвӕзындзинад Дунедарӕгӕй у, ӕмӕ Дӕ адӕмыл ис Дӕ арфӕ! |
© Bible Society in Russia, 2002, 2009, 2011-2015, 2018.
Bible Society in Russia