Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Псаломтӕ 29 - Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

1 Давиды псалом. Зарӕг Кувӕндон срухс кӕныны бон.

2 Стауын Дӕ, Дунедарӕг — ингӕнӕй мӕ сластай, ме знӕгты мыл уӕлахиз кӕнын нӕ бауагътай.

3 Дунедарӕг, мӕ Хуыцау! Скуывтон Дӕм, ӕмӕ мӕ сдзӕбӕх кодтай.

4 Мӕ уд мын ракодтай мӕрдтыбӕстӕй, райгас мӕ кодтай, ингӕнмӕ куыннӕ ныххизон, афтӕ.

5 Зарут Дунедарӕгӕн, Йӕ иузӕрдионтӕ, сыстаут Ын Йӕ уаз ном,

6 уымӕн ӕмӕ иу уысм ахӕссы Йӕ маст, Йӕ хорзӕх та — цӕрӕнбонты. Изӕрыгон райхъуысы кӕуын, райсомӕй та циндзинад фӕзыны.

7 Ӕнӕмӕтӕй куы цардтӕн, уӕд дзырдтон: «Ӕз никуы фӕкӕлдзынӕн».

8 Дунедарӕг, Дӕ хӕрзаудӕн мыл ӕмбӕлди, ӕмӕ мӕ Ды сфидар кодтай хохау. Фӕлӕ мӕ ныр Де ’ргом аздӕхтай, ӕмӕ мыл катай бахӕцыд.

9 Дзынӕзтон Дӕм, о Дунедарӕг, лӕгъстӕ кодтон мӕ Дунедарӕгӕн:

10 «Цы пайда ис мӕ мӕлӕтӕй, ингӕнмӕ кӕй бацӕудзынӕн, уымӕй? Зӕххы рыг Дын скад кӕндзӕни? Дӕ иузӕрдионы кой ракӕндзӕни?

11 Дунедарӕг, фехъус мӕ, ныббар мын! Баххуыс мын кӕн, Дунедарӕг!»

12 Ӕмӕ мын Ды мӕ хъыг раивтай цинӕй, мӕ сӕхъис мын раластай ӕмӕ мыл бӕрӕгбоны дарӕс скодтай.

13 Ӕнӕрӕнцойӕ Дӕ стаудзӕни мӕ зӕрдӕ. Дунедарӕг, мӕ Хуыцау, Стаудзынӕн Дӕ ӕнусмӕ.

© Bible Society in Russia, 2002, 2009, 2011-2015, 2018.

Bible Society in Russia
Lean sinn:



Sanasan