Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Псаломтӕ 28 - Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

1 Давиды псалом. Скад кӕнут Дунедарӕгӕн, Хуыцауы фырттӕ, Дунедарӕджы кад ӕмӕ хъомыс сыстаут!

2 Скад кӕнут Дунедарӕджы номӕн, Дунедарӕгӕн бакувут Йӕ диссаджы рӕсугъд Кувӕндоны!

3 Дунедарӕджы хъӕлӕс денджызты сӕрмӕ ныййазӕлыд, цытджын Хуыцау ныннӕрыди, Дунедарӕджы хъӕлӕс бӕстӕ ныццарыдта дӕтты сӕрмӕ.

4 Дунедарӕджы хъӕлӕс — хъомысджын, Дунедарӕджы хъӕлӕс — стыр диссаг.

5 Дунедарӕджы хъӕлӕс кедртӕ акалы, ливайнаг кедртӕ афӕлдахы Дунедарӕг.

6 Ливаны хӕхтӕ фесхъиуынц уӕныгау, Сирионы хӕхтӕ — ӕвзонг дзӕбидыртау.

7 Дунедарӕджы хъӕлӕс арты цӕхӕртӕ рацӕгъды.

8 Дунедарӕджы хъӕлӕсӕй ӕдзӕрӕг быдыр нынкъуысыд, сӕнкъуысти ӕдзӕрӕг быдыр Кадеш.

9 Дунедарӕджы хъӕлӕсӕй тулдз бӕлӕстӕ ӕртасынц, сбӕгънӕг вӕййынц хъӕдтӕ; Йӕ Кувӕндонӕй хъуысы: «Кад Дын уӕд!»

10 Дунедарӕг доны хъаймӕты заман Йӕ паддзахы бадӕны бадти, Дунедарӕг ӕнусмӕ дӕр Йӕ паддзахы бадӕны баддзӕнис.

11 Дунедарӕг ратдзӕни тых Йӕ адӕмӕн, Дунедарӕг Йӕ адӕмӕн фарн балӕвар кӕндзӕн.

© Bible Society in Russia, 2002, 2009, 2011-2015, 2018.

Bible Society in Russia
Lean sinn:



Sanasan