Псаломтӕ 27 - Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета1 Давиды псалом. Дӕумӕ дзыназын, Дунедарӕг, мӕ Къӕдзӕх! Ӕнӕ дзуаппӕй мӕ ма ныууадз! Ды ӕдзӕмӕй куы баззайай, уӕд мыл мӕрдон хуыз бафтдзӕни. 2 Куы Дӕм дзыназон, мӕ къухтӕ-иу Дӕ рухс Кувӕндонмӕ куы сивазон, уӕд-иу мын айс мӕ куывд! 3 Ма мӕ фесаф ӕнӕхуыцӕуттимӕ, фыдбылызтӕ чи аразы, йӕ хионимӕ хӕларӕй чи дзуры, йӕхимидӕг та фыдвӕндтӕ чи тауы, уыдонимӕ. 4 Сӕ хъуыддӕгтӕм ӕмӕ сӕ фыдмитӕм гӕсгӕ сын бафид; сӕ къухтӕй цы митӕ фӕкодтой, цӕй аккаг сты, уый сын ратт. 5 Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕджы архайдмӕ, Йе ’рмдзӕфмӕ сӕ хъус нӕ дарынц. Уый сӕ ныззыгуым кӕндзӕн, сӕхиуыл схӕцын сӕ нал бауадздзӕн. 6 Арфӕгонд у Дунедарӕг — Уый мын фехъуыста мӕ куывд. 7 Дунедарӕг — мӕ хъару, мӕ уарт; мӕ зӕрдӕ дардтон Ууыл, ӕмӕ мын баххуыс кодта. Райы мӕ зӕрдӕ фыр цинӕй, мӕ зарӕгӕй Йӕ скадджын кӕндзынӕн. 8 Дунедарӕг Йӕ адӕмӕн — сӕ хъару, Йӕ ’взӕрстӕн — йӕ ныфсы мӕсыг, йӕ ирвӕзынӕнӕг. 9 О Хуыцау, фервӕзын кӕн Дӕ адӕмы, арфӕ ракӕн Дӕ исбонӕн, хиз ӕмӕ сӕ хъахъхъӕн мыггагмӕ. |
© Bible Society in Russia, 2002, 2009, 2011-2015, 2018.
Bible Society in Russia