Псаломтӕ 25 - Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета1 Давиды псалом. О Дунедарӕг, раст тӕрхон мын рахӕсс, — мӕ цардвӕндаг ӕнӕкъӕм уыди Дӕ разы. Ӕз Дунедарӕгыл дарын мӕ зӕрдӕ ӕмӕ никуы фӕцуддзынӕн. 2 О Дунедарӕг, бафӕлвар мӕ, мӕ зӕрдӕйы сусӕгтӕ мын басгар! 3 Дӕ хорзӕх мӕ цӕстыты раз ис ӕдзухдӕр, ӕмӕ цӕрын Де ’цӕгадмӕ гӕсгӕ. 4 Ӕз сайӕгойтимӕ ӕмдзӕхдон никуы уыдзынӕн, мӕнгӕрдтимӕ иу фӕндагыл нӕ ацӕудзынӕн. 5 Ӕнӕуынон мын у фыдгӕнджыты ӕмбырд, ӕнӕхуыцау адӕмимӕ не ’рбаддзынӕн. 6 Ӕназымы нысанӕн-иу ӕрӕхсдзынӕн мӕ къухтӕ, Дӕ нывондхӕссӕны алыварс-иу ӕрзилдзынӕн, о Дунедарӕг. 7 Стаудзынӕн дӕ хъӕрӕй, Дӕ диссаджы хабӕрттыл Дын дзурдзынӕн. 8 О Дунедарӕг! Ӕз бауарзтон Дӕ хӕдзар, Дӕ кады цӕрӕн! 9 Ма мӕ фесаф тӕригъӕдджынтимӕ, тугмондаг чи у, уыдонимӕ! 10 Сӕ къухтӕ сты фыдракӕндтӕм ӕмхиц, сӕ рахиз къухтӕ — йемыдзаг гӕртӕмттӕй. 11 Ӕз та дӕн ӕнӕкъӕм, — батӕригъӕд мын кӕн, фыдбылызӕй мӕ бахиз! 12 Раст фӕндагыл слӕууыдысты мӕ къӕхтӕ, ӕмбырдты Дунедарӕджы стаудзынӕн! |
© Bible Society in Russia, 2002, 2009, 2011-2015, 2018.
Bible Society in Russia