Псаломтӕ 24 - Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета1 Давиды псалом. Дунедарӕг, Дӕуыл фӕдзӕхсын мӕхи. 2 Мӕ Хуыцау! Дӕуыл дарын мӕ зӕрдӕ, уадз ӕмӕ ма фӕхудинаг уон, ма мыл фӕуӕлахиз уой ме знӕгтӕ. 3 Дӕуыл йӕ зӕрдӕ чи дары, уыдон нӕ фӕхудинаг уыдзысты; гадзрахатӕй чи цӕуы, уыдон ӕгады бынаты баззайдзысты. 4 Бацамон мын Дӕ фӕндӕгтӕ, сахуыр мӕ кӕн Дӕ цӕуӕнтыл. 5 Сараз мӕ Дӕ раст фӕндагыл ӕмӕ мӕ сахуыр кӕн, уымӕн ӕмӕ Ды дӕ, ирвӕзындзинад мын Чи радта, уыцы Хуыцау, ӕмӕ ӕрвылбон мӕ зӕрдӕ дарын Дӕуыл. 6 Ӕрхъуыды ма кӕн Дӕ хорзӕхтӕ, Де ’нусон хӕлардзинад. 7 Ме ’взонг бонты тӕригъӕдтӕ мын ма мыс, ӕрымыс мӕ Дӕ хорзӕхмӕ гӕсгӕ — Дӕ уарзты сӕраппонд, Дунедарӕг. 8 Дунедарӕг уарзӕгой ӕмӕ рӕстаг у, тӕригъӕдджынты раст фӕндагыл аразы, 9 мӕгуырты раст фӕндагмӕ здахы, Йӕ фӕндӕгтыл цӕуын сӕ ахуыр кӕны. 10 Дунедарӕджы цӕуӕнтӕ — уырнындзинад ӕмӕ рӕстдзинад, Йӕ фидыд ӕмӕ Йӕ фӕдзӕхстытыл Ын фидар чи хӕцы, уыдонӕн. 11 Дунедарӕг, Дӕ номы сӕраппонд мын мӕ тӕригъӕд ныббар, кӕд цыфӕнды стыр у, уӕддӕр! 12 Хуыцау, чи дзы тӕрсы, уыцы адӕймагӕн бацамондзӕн, цавӕр фӕндаг ӕй равзарын хъӕуы, уый. 13 Амондджынӕй цӕрдзӕн, йӕ байзӕддӕгтӕ зӕхх исбонӕн райсдзысты. 14 Дунедарӕгӕй чи тӕрсы, уыдонӕн раргом кӕны сусӕгдзинад, Йӕ фидыд сын фехъусын кӕны. 15 Ӕдзух мӕ цӕстӕнгас Дунедарӕгмӕ арӕзт у — мӕ къӕхтӕ мын Уый феуӕгъд кӕны къӕппӕгӕй. 16 Ӕркӕс мӕм, ныххатыр мын кӕн — ӕз иунӕг ӕмӕ ссӕст дӕн. 17 Мӕ хъизӕмӕрттӕй мӕ фервӕзын кӕн, уынгӕг ранӕй мӕ ракӕн. 18 Ӕркӕс-ма мын мӕ хъизӕмармӕ, мӕ удхармӕ, ныххатыр мын кӕн мӕ тӕригъӕдтӕ. 19 Ӕркӕс-ма, цас знӕгтӕ мын ис, куыд ӕнӕуынон сын дӕн, уымӕ. 20 Мӕ цард мын бахъахъхъӕн, фервӕзын мӕ кӕн, уадз ӕмӕ, мӕ зӕрдӕ Дӕуыл кӕй дардтон, уый тыххӕй къӕмдзӕстыгӕй ма баззайон. 21 Дӕ рӕстдзинад, Дӕ сыгъдӕгдзинад мӕ хъахъхъӕнӕд, уымӕн ӕмӕ мӕ зӕрдӕ Дӕуыл дарын. 22 Хуыцау, Израилы йе ’ппӕт фыдбылызтӕй фервӕзын кӕн. |
© Bible Society in Russia, 2002, 2009, 2011-2015, 2018.
Bible Society in Russia