Псаломтӕ 23 - Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета1 Давиды псалом. Зӕхх ӕмӕ йыл цыдӕриддӕр ис, уыдон, дун-дуне ӕнӕхъӕнӕй ӕмӕ йе ’ппӕт цӕрджытӕ Дунедарӕджы исбон сты. 2 Денджызты сӕрмӕ ӕрӕвӕрдта зӕхх, дӕтты сӕрмӕ йӕ ’рфидар кодта. 3 Дунедарӕджы хохмӕ чи ссӕудзӕн, чи ӕрлӕудзӕн Йӕ уаз цӕрӕны? 4 Йӕ къухтӕ ӕнаххос, йӕ зӕрдӕ сыгъдӕг кӕмӕн у, мӕнг хуыцӕуттыл йӕ зӕрдӕ чи нӕ дардта ӕмӕ мӕнг ард чи нӕ хордта. 5 Ахӕм адӕймаг райсдзӕни Дунедарӕджы, йӕ Ирвӕзынгӕнӕджы арфӕ ӕмӕ хорзӕх. 6 Йаковы Хуыцау! Ахӕм у, Дӕу чи агуры ӕмӕ Дӕ разы ӕрлӕууын кӕй фӕнды уыцы адӕмы хъысмӕт. 7 Байгом у, кулдуар, байгом ут, ӕнусон дуӕрттӕ, уадз ӕмӕ кадджын Паддзах бацӕуа! 8 Ацы кадджын Паддзах чи у? Уый Дунедарӕг у, фидар ӕмӕ тыхджын, тохы та — хъомысджын. 9 Байгом у, кулдуар, байгом ут, ӕнусон дуӕрттӕ, уадз ӕмӕ кадджын Паддзах бацӕуа! 10 Ацы кадджын Паддзах чи у? Уый у Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Уый у кадджын Паддзах. |
© Bible Society in Russia, 2002, 2009, 2011-2015, 2018.
Bible Society in Russia