Псаломтӕ 22 - Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета1 Давиды псалом. Дунедарӕг — мӕ Фыййау, ӕз ницы цух уыдзынӕн: 2 Хизы мӕ сойджын сӕрвӕтты, хоны мӕ сабыр цӕугӕдӕттӕм. 3 Фӕфидар мын кӕны мӕ уд, раст фӕндагыл мӕ аразы Йӕ номы сӕраппонд. 4 Мӕлӕты талынг дӕлвӕзы куы цӕуон, уӕд дӕр нӕ фӕтӕрсдзынӕн фыдбылызӕй, уымӕн ӕмӕ Ды мемӕ дӕ; Дӕ фыййаулӕдзӕг мӕ басабыр кӕны. 5 Ме знӕгтӕн сӕ цӕстыты раз мын фынг ӕрӕвӕрдтай, мӕ сӕр мын оливӕйы сойӕ байсӕрстай: мӕ кӕхц кӕлы йӕ былтӕй. 6 Цалынмӕ удӕгас дӕн, уӕдмӕ Дӕ фарн ӕмӕ Дӕ хорзӕх мемӕ уӕнт, ӕмӕ уӕд бирӕ бонтӕ арвитдзынӕн Дунедарӕджы хӕдзары. |
© Bible Society in Russia, 2002, 2009, 2011-2015, 2018.
Bible Society in Russia