Псаломтӕ 17 - Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета1 Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн. Дунедарӕджы цагъар Давиды зарӕг Дунедарӕгыл. Скодта йӕ, Дунедарӕг ӕй йе ’ппӕт фыдгултӕ ӕмӕ Саулӕй куы фервӕзын кодта, уӕд. 2 Уарзын Дӕ, Дунедарӕг, Ды мӕ хъару дӕ! 3 Дунедарӕг — мӕ къӕдзӕх, мӕ фидар, мӕ ирвӕзынгӕнӕг! Мӕ Хуыцау — мӕ айнӕг къӕдзӕх, мӕ уарт, мӕ ирвӕзӕн хох, мӕ фидар гӕнах! 4 Ӕз кадджын Дунедарӕгмӕ фӕсиддзынӕн ӕмӕ фервӕздзынӕн ме знӕгтӕй. 5 Ӕрбалвӕстой мӕ мӕлӕты рӕхыстӕ, ныккалдысты мыл фыдӕхы гуылфӕнтӕ, 6 мӕрдтыбӕсты рӕхыстӕ мӕ ӕрбалхъывтой, мӕлӕты къӕппӕг мын мӕ развӕндаг ӕхгӕны. 7 Мӕ тыхстӕй ӕз Дунедарӕгмӕ скуывтон, мӕ Хуыцаумӕ сдзынӕзтон. Йӕ Кувӕндонӕй фехъуыста мӕ хъӕлӕс, сыхъуысти Йӕм мӕ дзыназын. 8 Ныррызт ӕмӕ нынкъуысти зӕхх, хӕхтӕ фенкъуыстысты сӕ бындурӕй, ризӕг сыл бахӕцыд Йӕ азарӕй. 9 Фӕздӕг калди Йӕ фындзы хуынчъытӕй, Йӕ комӕй арт бырста, зынджы стъӕлфӕнтӕ калдысты Йӕ алыварс. 10 Арвы къӕй ӕртасын кодта ӕмӕ ӕрхызти дӕлӕмӕ, Йӕ къӕхты бын — саудалынг. 11 Сбадти херувимтыл ӕмӕ атахт, Йӕхи систа дымгӕйы базыртыл. 12 Талынгӕй Йӕ алыварс скодта ӕмбӕрзӕн, саувадыг мигътӕ ӕртыхстысты Йӕ алыварс. 13 Йе ’рттывдӕй мигътӕ тахтысты Йӕ разӕй — ихуард ӕмӕ зынджы стъӕлфӕнтӕ. 14 Дунедарӕг ныннӕрыди уӕлӕрвты, Иууылбӕрзонды хъӕлӕс ныййазӕлыд — ихуард ӕмӕ зынджы стъӕлфӕнтӕ. 15 Суагъта Йӕ фӕттӕ ӕмӕ ныххӕлиу кодта фыдгулты, арвӕрттывдӕй сӕ лидзӕг фӕкодта. 16 Дӕ масты раулӕфтӕй, Дунедарӕг, Дӕ карз ӕртхъирӕнӕй, байгом сты донгуырӕнтӕ, зӕххы бындуртӕ разындысты. 17 Дунедарӕг бӕрзондӕй ӕруагъта Йӕ къух ӕмӕ мӕ фелвӕста хуыдымӕй; 18 фервӕзын мӕ кодта цыфыддӕр знагӕй, ӕнӕуынон кӕмӕн уыдтӕн ӕмӕ мӕхицӕй тыхджындӕр чи уыди, уыцы фыдгултӕй. 19 Мӕ фыдбылызы бон мыл сӕхи куы ныццавтой, уӕд ме ’нцой фӕлӕууыди Дунедарӕг. 20 Ракодта мӕ ӕдас ранмӕ, Йӕ хорзӕх мӕ ис, ӕмӕ мӕ фервӕзын кодта. 21 Хӕрзиуӕг мын радта Дунедарӕг мӕ рӕстадмӕ гӕсгӕ, мӕ къухты сыгъдӕгдзинадмӕ гӕсгӕ. 22 Уымӕн ӕмӕ ӕз цыдтӕн Йӕ фӕндӕгтыл, мӕ Хуыцауыл никуы сивтон мӕ зӕрдӕ. 23 Йӕ фӕдзӕхстытӕ иууылдӕр мӕ разы сты, Йӕ уагӕвӕрдты сӕрты никуы ахызтӕн. 24 Йӕ разы уыдтӕн ӕнӕкъӕм, мӕхи хызтон тӕригъӕд ракӕнынӕй. 25 Хӕрзиуӕг мын радта Дунедарӕг мӕ рӕстадмӕ гӕсгӕ, Йӕ разы сыгъдӕг кӕй дӕн, уымӕ гӕсгӕ! 26 Иузӕрдионыл Ды дӕр иузӕрдион дӕ, ӕнӕкъӕм чи у, уыимӕ — зӕрдӕхӕлар; 27 ӕнӕхин адӕймагӕн бафидыс йӕ сыгъдӕгдзинадмӕ гӕсгӕ, мӕнгардӕн та — йӕ мӕнгарддзинадмӕ гӕсгӕ. 28 Ды ӕфхӕрд адӕмы фервӕзын кӕныс, сӕрбӕрзонды ӕгады бынатмӕ ’руадзыс. 29 Ды мӕнӕн ссудзыс мӕ цырагъ; Дунедарӕг мын рухсӕй раивдзӕни мӕ талынг. 30 Ӕз Де ’ххуысы фӕрцы басӕттын ме знӕгты, мӕ Хуыцауимӕ схизын ӕнӕбасӕтгӕ сисмӕ. 31 Хуыцауы фӕндаг ӕнӕфау ӕмӕ раст у, Йӕ ныхас — сыгъдӕг; йӕ зӕрдӕ йыл чидӕриддӕр дары, уыдонӕн Уый уарт у. 32 Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕджы йеддӕмӕ кӕм ис ӕндӕр Хуыцау? Ӕмӕ нӕ Хуыцауы йеддӕмӕ ныфсы къӕдзӕх чи у? 33 Хуыцау мын ратты хъару, сраст мын кӕны мӕ фӕндаг; 34 саджы цӕрдӕгдзинад ратты мӕ къӕхтӕн, бӕрзӕндтыл мӕ ӕрлӕууын кӕны фидарӕй. 35 Мӕ къухтӕ мын сфӕлтӕрдта тохы, ӕрхуы ӕрдын тасы мӕ армы. 36 Ды радтай мӕнӕн Дӕ ирвӕзындзинады уарт, Дӕ хорзӕх мӕ сисы бӕрзонд. 37 Фидар у мӕ къахайст Дӕ фӕрцы, нӕ цуды мӕ къах. 38 Ӕз мӕ фыдгулты айсын мӕ разӕй, цалынмӕ сӕ нӕ ныццӕгъдын, уӕдмӕ фӕстӕмӕ нӕ раздӕхын. 39 Ныддӕрӕн сӕ кӕнын, ӕмӕ сӕ бон сыстын дӕр нал вӕййы, мӕ къӕхты бынмӕ ӕрхауынц. 40 Ды мӕнӕн тох кӕнынӕн хъару раттыс, ме знӕгты мын мӕ къӕхты бынмӕ ӕрӕппарыс. 41 Лидзӕг сӕ фӕкодтай мӕ разӕй ӕмӕ ӕз ныццагътон ме сӕфтмӕ бӕлджыты. 42 Уыдон ӕххуысагур дзыназынц, фӕлӕ сын ирвӕзынгӕнӕг нӕй; Дунедарӕгмӕ хъӕрахст кӕнынц, фӕлӕ сын Уый дзуапп нӕ дӕтты. 43 Зӕххы рыгау сӕ дымгӕмӕ ныддардтон, уынгты цъыфау сӕ мӕ къӕхты бын бассӕстон. 44 Ды мӕ бахызтай дзыллӕйы змӕстытӕй, адӕмты сӕргъы мӕ сӕвӕрдтай ӕмӕ, зонгӕ дӕр кӕй нӕ кодтон, уыдон дӕр мын лӕггад кӕнынц ныр. 45 Ӕндӕрбӕстӕгтӕ козбау митӕ кӕнынц мӕ разы, ӕрмӕст мӕ койӕ дӕр басӕттынц, 46 зыр-зыргӕнгӕ се ’мбӕхсӕнтӕй рахилынц. 47 Цардӕгас у Дунедарӕг, арфӕгонд у мӕ ныфсы къӕдзӕх! Кадджын уӕд Хуыцау — мӕ ирвӕзынгӕнӕг! 48 Хуыцау — мӕ мастисӕг, адӕмты мын бакодта мӕ дӕлбар. 49 Ды мӕ фервӕзын кодтай ме знӕгтӕй, Дӕ фӕндонӕй фӕуӕлахиз дӕн фыдгултыл, фыдлӕгтӕй фервӕзтӕн Дӕ фӕрцы. 50 Адӕмты ’хсӕн Дӕ стаудзынӕн, Дунедарӕг, скадджын кӕндзынӕн Дӕ ном! 51 Ды паддзахӕн стыр уӕлахизтӕ дӕттыс ӕмӕ мыггагмӕ аудыс Де ’взӕрст Давидыл ӕмӕ йӕ байзӕддӕгтыл. |
© Bible Society in Russia, 2002, 2009, 2011-2015, 2018.
Bible Society in Russia